Уацамынды сайтӕй jw.org пайда кӕн. «Йегъовӕйы ӕмбал су»
Сайты jw.org вкладкӕйы «Библийы ахуырӕдтӕ» ис сывӕллӕттӕн вкладкӕ, «Йегъовӕйы ӕмбал су», зӕгъгӕ. Ис дзы зарджытӕ, видеотӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Уацамынды дзы фӕпайда кӕныс? Кӕд, сывӕллон кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕныс, уӕд ын ӕй равдис. Чи зоны йӕ бафӕнда нӕ сайты фылдӕр ӕрмӕг ссарын.
Иу ӕфсымӕр буклет «Паддзахады хабар» № 38 куы парахат кодта, уӕд дзы иу сылгоймагӕн радта, ӕмӕ йӕ уый уайтагъд кӕсын райдыдта. Уыцы сылгоймагӕн уыд цалдӕр гыццыл сывӕллоны, ӕмӕ сцымыдис сты, цы у, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр загъта, дзырд дзы цӕуыл цӕуы, уый ӕмӕ йын буклеты фӕстейӕ нӕ сайты адрис равдыста. Сылгоймаджы бафӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ уӕд ӕфсымӕр уыцы бинонтӕн равдыста мультфильм Аланы тыххӕй.
Иу хойӕн йе ’мкусӕгӕн уыд гыццыл сывӕллӕттӕ, ӕмӕ йын загъта, сайты jw.org кӕй ис ссарӕн ӕрмӕг бинонтӕн. Уыцы сылгоймаг йӕ сывӕллӕттимӕ нӕ сайтмӕ бацыд. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймаг нӕ хойӕн загъта, йӕ сывӕллӕттӕ хӕдзары кӕй рацу-бацу кодтой ӕмӕ зарӕг «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас» кӕй зарыдысты. Уыцы зарӕг ис нӕ сайты вкладкӕйы «Йегъовӕйы ӕмбал су».
Нӕ сайты вкладкӕмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕс ӕмӕ дзы цы видеотӕ, зарджытӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй искӕцы дӕ планшетмӕ кӕнӕ смартфонмӕ рафысс. Уӕд уацамынды алы хатт дӕр цӕттӕ уыдзынӕ уыцы вкладкӕйӕ спайда кӕнынмӕ. Уӕдӕ нын Хицауӕн цагъартау лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ сайт у стыр ӕххуыс! (Хъуыд. 20:19).