Фӕстиат кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?
Уацамындон фембӕлдмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ аныхӕстӕ кӕнын. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, уацамындон фембӕлды хӕдфӕстӕ-иу хъусын кӕнынмӕ куы ацӕуиккам. Хорз хабар хъуамӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнӕм (2 Тим. 4:2). Уацамындон фембӕлды фӕстӕ цас фылдӕр бафӕстиат уӕм, уыйас нын къаддӕр рӕстӕг уыдзӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Кӕрӕдзи бафидар кӕнынӕн нын бирӕ фадӕттӕ уыдзӕн уацамынды дӕр. Уацамынды цӕуыныл фӕстиат куы нӕ кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ Фыртӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ цагъартау кӕй лӕггад кӕнӕм (Ром. 12:11).