Фарстыты асыкк
◼ Уацамындон фембӕлдты цӕуыл хъӕуы дзурын?
Уацамындон фембӕлд уагъд цӕуы, цӕмӕй, йӕ фӕстӕ цы куыст кӕндзыстӕм, уымӕ, ома хъусын кӕнынмӕ, нӕ хъуыдытӕ саразӕм. Уымӕ гӕсгӕ разамонӕг хъуамӕ уа хорз цӕттӕ ӕмӕ нӕ йӕ ныхӕстӕй бафидар кӕна, хъуамӕ дзура бӕлвырд темӕйыл, цӕмӕй нын уацамындӕн баххуыс кӕна. Кӕд ӕрвылбоны стихы хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй комкоммӕ дзырд цӕуа, уӕд ӕй ис бакӕсӕн ӕмӕ йыл цыбыртӕй ӕрныхасгӕнӕн. Фӕлӕ фембӕлды хъуамӕ сӕйраджыдӕр дзырд цӕуа уацамындыл, цӕмӕй, уыцы бон хъусын кӕнынмӕ чи цӕуа, уыдон иууылдӕр хуыздӕр цӕттӕ уой уацамындмӕ (2 Тим. 4:5).
Ӕрныхасгӕнӕн ис, «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы цы ӕмбӕлон хъуыдытӕ уа, уыдоныл, зӕгъӕм, ацы мӕй цы литературӕ парахат кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ дӕттӕн куыд ис, ууыл. Журналтимӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ис равдисӕн, рамкӕйы «Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис загъӕн», зӕгъгӕ, цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй искӕцы. Уацамындон зиуы рӕстӕджы ис ӕрдзурӕн, брошюрӕйы «Куыд райдайӕм ӕмӕ куыд адарддӕр кӕнӕм нӕ ныхас Библийыл», зӕгъгӕ, цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй нӕ территорийы кӕмӕй спайда кӕниккам, ахӕмтӕй иу-дыууӕйыл. Ис ӕрныхасгӕнӕн уацамынды искӕцы хуызыл кӕнӕ ис равдисӕн, зӕгъӕм, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ куыд хъӕуы Библийӕ пайда кӕнын, хъусын кӕй нӕ фӕнда, уыимӕ куыд хъӕуы ныхас кӕнын, куыд ис адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъӕн кӕнӕ чи бацымыдис кӕна, уымӕн куыд ис баххуысгӕнӕн.
Уацамындон фембӕлдтӕ хъуамӕ 10—15 минутӕй фылдӕр ма уой, уыцы рӕстӕг фаг у къордтӕ бацӕттӕ кӕнынӕн, участоктӕ радтынӕн ӕмӕ скувынӕн. Фембӕлд куы фӕуа, уӕд алчидӕр хъуамӕ зона, хъусын кӕнынмӕ кӕимӕ цӕуы ӕмӕ кӕдӕм цӕуы, уый, ӕмӕ хъуамӕ участоктӕм ӕвӕстиатӕй ацӕуой. Фембӕлд бирӕ кӕй нӕ цӕуы, уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй йӕм иууылдӕр афойнадыл цӕуой. Уацамындон фембӕлд ӕмбырды фембӕлды фӕстӕ куы уа, зӕгъӕм, «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» ахуыркӕнынады фӕстӕ, уӕд хъуамӕ уа цыбырдӕр. «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» ахуыркӕнынады библион хъуыдытыл кӕй ныхас кодтат, уымӕ гӕсгӕ ӕрвылбоны стихыл ныхас кӕнын нӕ хъӕудзӕн.
Алы уацамындон фембӕлдӕн дӕр хъуамӕ нысангонд уой фӕлтӕрд аргъуыд ӕфсымӕртӕ. Фембӕлд уадзынӕн ӕфсымӕртӕ куы нӕ фаг кӕна, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ снысан кӕной аргъуыд хоты. Хо хъуамӕ кӕна бадгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бон у къордимӕ ӕрвылбоны стихыл ӕрныхас кӕнын кӕнӕ та уацамынды тыххӕй цавӕрдӕр хъуыдытыл ӕрдзурын, ӕмӕ хъуамӕ дзура цыбыртӕй. Йӕ сӕр хъуамӕ уа ӕмбӕрзт.
Уацамындон фембӕлдтӕ нӕ фидар кӕнынц ӕмӕ нӕ уацамындмӕ цӕттӕ кӕнынц. Разамонӕг цас хуыздӕр уа цӕттӕ, уыйас фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕни фӕмбӕлд алкӕмӕндӕр.