Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/09 6–7 фф.
  • Уацамындон фембӕлдтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уацамындон фембӕлдтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уацамындон фембӕлдтӕн сӕ нысан цы у?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Уацамындон фембӕлдтӕ – стыр ӕххуыс нӕ лӕггадӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • Уацамындон фембӕлдтӕ дын стыр ӕххуыс фӕуӕнт
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Уацамындон фембӕлдтӕ дын пайда кӕд хӕсдзысты
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
km 8/09 6–7 фф.

Уацамындон фембӕлдтӕ

1. Уацамынды хъуыддаг хорз пълан кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

1 Чырысти хъусын кӕныны хъуыддаг куыд хорз спълан кодта, уый у фӕзминаг. Абон дӕр ӕфсымӕртӕ архайынц, цӕмӕй уацамынд афтӕ пълан кӕной. Уый тыххӕй ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты вӕййы уацамындон фембӕлдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхъӕн дунейы арӕзт цӕуынц уацамындон къордтӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар хъуыстгонд цӕуа (Матф. 24:45–47; 25:21; Лук. 10:1–7).

2. Цӕуыл ис аныхас кӕнӕн уацамындон фембӕлды?

2 Уацамындон фембӕлдтӕ стыр пайда сты. Уацамындон фембӕлдтӕ уый тыххӕй сты, цӕмӕй, чи хъусын кӕндзӕн, уыдон бафидар уой ӕмӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ разамындмӕ байхъусой. Фембӕлды цыбыртӕй аныхас кӕнӕн ис алы боны стихыл, кӕд уацамындимӕ баст у, уӕд. Иуӕй-иу хатт аныхас кӕнӕн вӕййы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы», чингуытӕ «Рассуждение» ӕмӕ «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы цы уынаффӕтӕ ис, уыдоныл. Бацӕттӕ кӕнӕн ис цыбыр равдыст дӕр. Кӕронбӕттӕн куывды размӕ хъуамӕ алчидӕр зона, кӕимӕ хъусын кӕндзӕн ӕмӕ кӕм хъусын кӕндзӕн, уый. Фембӕлд хъуамӕ 15 минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ участокмӕ ацӕуа.

3. Уацамындон фембӕлдтӕ пълан кӕнын кӕй хӕс у?

3 Уацамындон фембӕлдтӕ куыд арӕзт сты? Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг хъуамӕ йӕ хъус дара уацамындон фембӕлдтӕм. Уацамындон къордты цӕстдарджытӕ кӕнӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй улӕфгӕ бонты сӕ къордтимӕ уацамынды цӕуой. Чи зоны, иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн сӕ бон уа къордимӕ кусгӕ бонты дӕр хъусын кӕнын. Къордты цӕстдарджытӕ ӕмгуыст кӕнынц уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕгимӕ, цӕмӕй сӕ къордтӕн уа фаг участоктӕ ӕмӕ улӕфгӕ бонты хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕной. Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг алцыдӕр афтӕ спълан кӕндзӕн, цӕмӕй кусгӕ бонты дӕр уацамындон фембӕлдтӕ уа.

4–6. а) Ӕмбырды участоктӕм гӕсгӕ уацамындон фембӕлдтӕ куыд арӕзт цӕуынц? ӕ) Уацамындон фембӕлдтӕ пълан кӕнгӕйӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

4 Фембӕлдтӕ кӕм ӕмӕ кӕд хъуамӕ уой? Ӕмбырды уацамындон фембӕлдтӕ хъуамӕ иу ран ма уой. Уыцы фембӕлдтӕ хуыздӕр вӕййы хӕдзӕртты аразын, цӕмӕй участоктӕм ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм хӕстӕг уой. Афтӕмӕй участокты бӕстон хъусын кӕндзысты. Фембӕлдтӕ аразӕн ис Паддзахады залы дӕр. Бирӕ ӕмбырдтӕ хуыцаубоны ӕмбырды фӕстӕ Паддзахады залы скӕнынц уацамындон фембӕлд. Бацархайын хъӕуы, цӕмӕй участоктӕм дард цӕуын ма хъӕуа. Уый тыххӕй та рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ис ахъуыды кӕнӕн, фембӕлдтӕ кӕм цӕуынц, уыцы бынӕттӕ фӕивын хъӕуы ӕви нӕ, цӕмӕй участоктӕ ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куыстгонд цӕуой.

5 Уавӕртӕм гӕсгӕ-иу хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын, уацамындон фембӕлдтӕ кӕд ӕмӕ цал хатты хъуамӕ уой къуырийы мидӕг. Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоны фӕрцы уӕ бон уыдзӕн аскъуыддзаг кӕнын, уацамындон фембӕлдтӕ кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн хуыздӕр аразын, уый.

6 Фылдӕр хъус ӕрдарын цавӕр участоктӕм хъӕуы? Хуыздӕр кӕд у хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын? Мыййаг хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕмӕ адӕммӕ ногӕй бацӕуын хуыздӕр изӕрӕй уыдзӕн? Уацамындон фембӕлдты график хъӕуы ӕмбырды фӕйнӕгыл ӕрцауындзын. Хуыцауы Паддзахады хабар хъусынгӕнджыты се ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй сӕ участоктӕ афтӕ кусой, ӕмӕ сӕ бон уа апостол Павелау зӕгъын: «Ныр мын ацырдыгӕй ӕнӕвнӕлд бынӕттӕ нал баззад» (Ром. 15:23).

7. Уацамындон фембӕлд чи уадзы, уыцы ӕфсымӕрыл цавӕр хӕс ис?

7 Уацамындон фембӕлдтӕ куыд хъуамӕ цӕуой? Уацамындон фембӕлд чи уадзы, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ хорз цӕттӕ уа. Уымӕй равдисдзӕн, кӕй ӕмбары, куыд ахсджиаг у ацы фембӕлд, уый. Фембӕлд хъуамӕ райдайа афоныл, хъуамӕ дзы уа хорз уынаффӕтӕ, стӕй уа цыбыр, 10–15 минуты. Фембӕлды размӕ ӕфсымӕрмӕ хъуамӕ уа участоктӕ хъусын кӕнынӕн. Уацамындон фембӕлды фӕстӕ, чи ӕрӕджы кӕны, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ сын гӕххӕттыл ныффыссӕн ис, къорд кӕм хъусын кӕндзӕн, уый. Фембӕлд куыддӕр фӕуа, афтӕ алчидӕр хъуамӕ ацӕуа йӕ участокмӕ. Уацамындон фембӕлдимӕ баст хъуыддӕгтӕ хорз цӕттӕ куы уой ӕмӕ дзы хорз уынаффӕтӕ куы уа, уӕд уый алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы бон хорз балӕггад кӕна (Ӕмб. 11:14).

8. Уацамындон фембӕлд чи уадзы, уыцы ӕфсымӕрӕн нӕ бон ӕххуыс кӕнын куыд у?

8 Уацамындон фембӕлдтӕн аргъ кӕнӕм. Ацы хъуыддаджы хъӕуы кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕнын (Дзут. 13:17). Уацамындон фембӕлд чи уадзы, уыцы ӕфсымӕр, гӕнӕн куы уа, уӕд баххуыс кӕндзӕн, уацамынды ӕмбал кӕй хъӕуа, уымӕн кӕнӕ йын ӕмбал ссардзӕн. Хорз вӕййы фембӕлды фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ куы вӕййы, уӕд, цӕмӕй ногтимӕ ӕмӕ, дзӕбӕх чи нӕма арӕхсы, уыдонимӕ хъусын кӕной. Алыхуызон хъусынгӕнджытимӕ уацамынды ацӕуынмӕ цӕттӕ чи вӕййы, уыдонӕн бирӕ бантысы (Ӕмб. 27:17; Ром. 15:1, 2). Алчидӕр хъуамӕ архайа, цӕмӕй фембӕлдмӕ афоныл ӕрбацӕуа. Уацамындон фембӕлдтӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ не ’мчырыстӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ацы хъуыддаджы фӕивын цы хъӕуа, уый фӕивдзыстӕм (2 Кор. 6:3, 4; Фил. 2:4).

9. Пионертӕн сӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?

9 Пионерты ӕххуыс. Пионертӕ уацамындон фембӕлдтӕм кӕй ӕрбацӕуынц ӕмӕ иннӕтимӕ кӕй фӕхъусын кӕнынц, уый стыр ӕххуыс вӕййы се ’ппӕтӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, пионертӕ ӕнӕвдӕлон сты. Адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ ногӕй бӕрӕг кӕнынӕй уӕлдай ма уыдоныл ис бирӕ хӕстӕ сӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ ма кусгӕ дӕр кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ пионертӕн сӕ хӕс нӕу, цӕмӕй, ӕмбырд цы уацамындон фембӕлдтӕ пълан кӕны, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр цӕуой, уӕлдайдӕр фембӕлдтӕ алы бон дӕр куы уой, уӕд. Фӕлӕ, чи зоны, къуырийы мидӕг сӕ бон уа, ӕппынкъаддӕр, цалдӕр фембӕлдмӕ ацӕуын. Пионертӕ Библи хорз кӕй зонынц ӕмӕ сыл бирӕ хорз цаутӕ кӕй ӕрцӕуы, уымӕ гӕсгӕ уацамындон фембӕлдты фӕрцы хъусынгӕнджытӕ ахуыр кӕнынц ӕмӕ бафидар вӕййынц. Ӕдзух уацамынды кӕй вӕййынц, уый фӕрцы сӕм стыр фӕлтӕрддзинад ис ӕмӕ сӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ ӕдзух уацамындон фембӕлдты кӕй вӕййынц, уымӕй иннӕтӕн сты фӕзминаг. Пионертӕ уацамындон фембӕлдтӕм кӕй ӕрбацӕуынц, уымӕн стыр аргъ ис.

10. Алы хъусынгӕнӕг дӕр цӕмӕн хъуамӕ цӕуа уацамындон фембӕлдтӕм?

10 Чырыстийы ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты заман куыд уыд, афтӕ абон дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр хӕдзарӕй хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнӕм. Уацамындон фембӕлдтӕ уый тыххӕй сты, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы бафидар кӕнӕм ӕмӕ ацы хъуыддаг аразӕм. Алы хъусынгӕнӕг дӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ цӕуа уацамындон фембӕлдтӕм (Ап. хъ. 5:42; 20:20). Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй архайӕм ацы хъуыддаджы. Уӕд нын Йегъовӕ стыр арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Матф. 25:34–40; 28:19, 20).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын