Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/00 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уацамындон фембӕлдтӕн сӕ нысан цы у?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Уацамындон фембӕлдтӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Уацамындон фембӕлдтӕ дын стыр ӕххуыс фӕуӕнт
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Уацамындон фембӕлдтӕ – стыр ӕххуыс нӕ лӕггадӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 3/00 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Куыд хъӕуы уадзын уацамындон лӕггаддзинады фембӕлдтӕ?

Ӕмбырды фембӕлдтӕй иу у уацамындон лӕггаддзинады фембӕлд. Уый хъӕуы хорз бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ йӕ ӕгъдауыл ауадзын. Ӕмбырды иннӕ фембӕлдтӕм нын цавӕр ахаст ис, раст ахӕм ахаст нын хъуамӕ уа ацы фембӕлдмӕ дӕр. Фембӕлд хъӕуы райдайын афойнадыл, куы йӕ зонай, чидӕр ма фӕстӕдӕр кӕй ӕрбацӕудзӕн, уӕддӕр. Фембӕлд цы ӕфсымӕр уадздзӕн, уый хъуамӕ бацӕттӕ кӕна, уыцы бон уацамынды спайдагӕнӕн кӕмӕй уа, ахӕм ӕрмӕг. Уыцы фембӕлды тыххӕй хорз информаци ӕмӕ уынаффӕтӕ ссарӕн ис «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинады».

Алы уацамындон фембӕлды ӕрвылбонон библион текстыл ныхас кӕнын нӕ хъӕуы. Уацамындмӕ чи цӕуа, уыдон бафидаркӕнынӕн стихы исты хъуыдытӕ куы уа, уӕд сыл ис цыбыртӕй ӕрдзурӕн. Фембӕлд хъӕуы ауадзын афойнадыл, цӕмӕй уый фӕстӕ уацамындмӕ ацӕуынӕн рӕстӕг уа. Фембӕлд хъуамӕ уа 10-15 минуты. Фӕлӕ ӕмбырды фембӕлды фӕстӕ куы уа, уӕд ӕй ис фӕцыбырдӕргӕнӕн. Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм нӕ пионерты: уацамындон лӕггаддзиунады фембӕлдтӕ йӕ рӕстӕгӕй фылдӕр куы ахӕссой кӕнӕ та ӕгӕр ӕрӕгмӕ куы райдайой, уӕд гӕнӕн ис графикмӕ гӕсгӕ чи кусы, уыдонӕн зындзинӕдтӕ фӕзына.

Батыхсын хъӕуы, цӕмӕй фембӕлдмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдон зоной, уацамындмӕ кӕдӕм ацӕуын хъӕуы, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъусынгӕнджытӕй искӕмӕн гӕнӕн ис ӕндӕр пълӕнттӕ уа, зӕгъӕм, цымыдисгӕнӕг адӕймагмӕ дыккаг хатт бацӕуын кӕнӕ та библион ахуыр ауадзын,— уӕд сӕ участок нӕ хъӕудзӕн.

Фембӕлдмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдон хъуамӕ лӕмбынӕг хъусой ӕмӕ цӕттӕ уой ӕмгуыст кӕнынмӕ, фембӕлды райдианӕй цалынмӕ хъусынгӕнджыты къордтыл адих кӕной ӕмӕ скувой, уӕдмӕ. Иумӕ ацӕуыныл раздӕр чи баныхас кодта, уыдонӕн сӕ бон у уый зӕгъын. Хъусынгӕнджыты фембӕлды хъӕуы къордтыл адих кӕнын ӕмӕ участоктӕ раттын, уый нӕ хъӕуы аразын лӕууӕндоны кӕнӕ ӕндӕр ӕхсӕнадон бынаты. Уацамындон лӕггаддзинады фембӕлды кӕрон хъӕуы скувын. Ацы уынаффӕтӕ иууылдӕр куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ нӕ уацамындӕн раарфӕ кӕндзӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын