НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Сайты jw.org ссар, царды чи бахъӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ
Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ бон у, ацы фӕстаг бонты цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты хизын (2Тм 3:1, 16, 17). Фӕлӕ нын хатт зын вӕййы, нӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм уагӕвӕрдтӕ ссарын. Зӕгъӕм, ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты? Ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууой, сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд? Йӕ цардӕмбал кӕмӕн фӕзиан, уыдонӕн сӕ рыст сфӕразынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Сайты jw.org ссардзынӕ, алыхуызон уавӕрты дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ Библийӕ (Ӕм 2:3–6).
Сӕйраг фарсыл ныххӕц вкладкӕйыл БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ (кӕс 1-аг нывмӕ). Стӕй равзар, кӕцы хай дӕ хъӕуы, уый. Кӕнӕ та ныххӕц БИБЛИОТЕКӔ > СТАТЬЯТӔ АЛЫХУЫЗОН ТЕМӔТЫЛ ӕмӕ дӕ кӕцы хай хъӕуы, уый равзар (кӕс 2-аг нывмӕ). Уыцы хӕйттӕ ис ссарӕн приложенийы JW Library® дӕрa. Дӕ бон у сайты кӕнӕ приложенийы статьятыл дӕ цӕст ахӕссын. Йе та дӕ бон у сайты jw.org «Ссар» фыст кӕм ис, уым ныффыссын, цы агурыс, уый.
«Ссар» фыст кӕм ис, уым ныффысс, дӕлдӕр цы темӕтӕ ис, уыдон ӕмӕ дӕ чи бацымыдис кӕна, уыцы статьятӕ дӕхимӕ фӕнысан кӕн.
Сывӕллӕтты хъомыл кӕнын
Депресси ӕрыгӕттӕм
Цардӕмбалы мӕлӕт
a Кӕцыдӕр статьятӕ нырма сты ӕрмӕстдӕр сайты jw.org.