Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Софони
1. Софони пехуымпарӕй цы рӕстӕджы лӕггад кодта ӕмӕ нын абон фӕзминаг цӕмӕй у?
1 Нӕ эрӕйы размӕ ӕвдӕм ӕнусы ӕмбисы Иудӕйы фылдӕр куывтой Ваалӕн. Ӕвзӕр паддзах Амоны ӕрӕджы амардтой ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой ӕрыгон Иосийы (2 Аз. 33:21–34:1). Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Софонийӕн бахӕс кодта йӕ тӕрхон адӕмӕн хъусын кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, Софони уыди Иудӕйы паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕй. Кӕд Йегъовӕ Иудӕйы разамонджытӕн карз тӕрхон рахаста, уӕддӕр ӕй Софони нӕ фӕфӕлмӕндӕр кодта, фӕлӕ йын ӕй куыд загъта, афтӕ йӕ фехъусын кодта (Соф. 1:1; 3:1–4). Мах дӕр Софонийау архайӕм, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм ӕмӕ нӕ хӕстӕджытӕн уый бар ма дӕттӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын хъыгдарой (Матф. 10:34–37). Софони цавӕр хабар хъусын кодта ӕмӕ йын цы бантыст?
2. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы судзгӕ масты бон аирвӕзӕм?
2 Агур Йегъовӕйы. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон у йӕ судзгӕ масты бон адӕмы аирвӕзын кӕнын. Софони дӕр Иудӕйы адӕмы фӕдзӕхста, цӕмӕй агуырдтаиккой Йегъовӕйы, агуырдтаиккой рӕстдзинад ӕмӕ агуырдтаиккой сӕрныллӕгдзинад, цалынмӕ ма сын рӕстӕг уыд, уӕдмӕ (Соф. 2:2, 3). Афтӕ у абон дӕр. Софонийау мах дӕр адӕмӕн дзурӕм, цӕмӕй агурой Йегъовӕйы. Фӕлӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, «Йегъовӕйы коммӕ чи нал кӕсы», ахӕмтӕ ма суӕм (Соф. 1:6). Мах Йегъовӕйы агурӕм, йӕ Ныхас ын лӕмбынӕг кӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ дзы разамынд кӕй агурӕм, уый фӕрцы. Мах рӕстдзинад агурӕм, хӕрзӕгъдау цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы. Мах сӕрныллӕгдзинад агурӕм, коммӕгӕс уӕм, ууыл кӕй архайӕм ӕмӕ Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй хъусӕм, уый фӕрцы.
3. Хъусын кӕныны хъуыддагмӕ раст цӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?
3 Хорз дыргътӕ. Софони цы тӕрхоны хабар хъусын кодта, уымӕ Иудӕйы чидӕртӕ байхъуыста. Уӕлдай диссаг уыди, ӕрыгон Иоси кӕй райдыдта Йегъовӕйы агурын, кӕд нырма гыццыл лӕппу уыди, уӕддӕр. Фӕстӕдӕр Иоси стыр хъуыддаг сарӕзта – йӕ бӕстӕ мӕнгхуыцӕуттӕй ссыгъдӕг кодта (2 Аз. 34:2–5). Кӕд абон Паддзахады нӕмгуытӕй кӕцыдӕртӕ ӕрхауынц фӕндаггӕрон, дурджын ран кӕнӕ сындзыты ’хсӕн, уӕддӕр дзы иуӕй-иутӕ хорз зӕххыл ӕрхауынц ӕмӕ тыллӕг раттынц (Матф. 13:18–23). Паддзахады мыггаг кӕй тауӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ стыр ныфс ис, Йегъовӕ нын дарддӕр дӕр нӕ фыдӕбонӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн (Пс. 126:6).
4. Йегъовӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?
4 Иудӕйы чидӕртӕ афтӕ ӕнхъӕлдтой, Йегъовӕ архайын кӕй никуы райдайдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ фидарӕй загъта, йе стыр бон ӕввахс кӕй у (Соф. 1:12, 14). Ӕмӕ аирвӕзтысты, Йегъовӕ се ’мбӕхсӕн кӕмӕн сси, ӕрмӕстдӕр уыдон (Соф. 3:12, 17). Цӕй ӕмӕ, Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ не ’мчырыстӕттимӕ зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм не стыр Хуыцауӕн! (Соф. 3:8, 9).