ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | СОФОНИ 1 – АГГЕЙ 2
Агурут Йегъовӕйы, цалынмӕ йӕ судзгӕ масты бон не ’рцыд, уӕдмӕ
Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ йӕ судзгӕ масты бон бахъахъхъӕна, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ йын нӕхи снывонд кӕнӕм. Мах хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм, Софони израилӕгтӕн цы дзырдта, уый.
Агур Йегъовӕйы. Дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар уай ӕмӕ йын йӕ организациимӕ ӕмгуыст кӕн
Агур рӕстдзинад. Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕр
Агур сӕрныллӕгдзинад. Сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кӕн Хуыцауы фӕндон ӕмӕ йын йӕ зондамындмӕ хъус
Мӕ бон куыд у ноджы зӕрдиагдӕрӕй агурын Йегъовӕйы, рӕстдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад?