Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм 100 азы!
1. Иу-сӕдӕ азы размӕ Йегъовӕйы адӕмы цӕмӕ разӕнгард кодтой?
1 «Паддзах паддзахиуӕг кӕны! Сымах стут йӕ минӕвӕрттӕ. Уӕдӕ хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй!» Ацы диссаджы ныхӕстӕ загъта ӕфсымӕр Рутерфорд иу-сӕдӕ азы размӕ ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмы разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар алы ран дӕр хъусын кодтаиккой. Раст афтӕ кӕнӕм мах дӕр! Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кодтам «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Кол. 1:23). Цымӕ фӕстаг 100 азы Паддзахады тыххӕй куыд хъусын кодтам? Паддзахад уӕлӕрвты куы сфидар, ууыл тынг тагъд сӕххӕст уыдзӕн 100 азы. Дарддӕр куыд хъусын кӕнӕм?
2. Нӕ литературӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд хъусын кӕны?
2 Фӕстӕмӕ кӕсгӕйӕ. Дӕсгай азты дӕргъы нӕ литературӕ хъусын кӕны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. 1939 азӕй фӕстӕмӕ нӕ сӕйраг журнал хуыйны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад». Уыцы журналы арӕх дзырд фӕцӕуы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ къухы цы бафтдзӕн, уый тыххӕй. Журнал «Пробудитесь!» дӕр фембарын кӕны, адӕмы иунӕг ныфс Хуыцауы Паддзахад кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, ацы дыууӕ журналӕй фылдӕр зӕххыл иу журнал дӕр кӕй нӕ тӕлмац кӕнынц ӕмӕ кӕй нӕ мыхуыр кӕнынц! (Рар. 14:6).
3. Цавӕр мадзӕлттӕй пайда кодтам, цӕмӕй Паддзахады тыххӕй хъусын кодтаиккам?
3 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кодтой алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы. Фыццаг рӕстӕг пайда кодтам рупортӕ кӕуыл уыд, ахӕм машинӕтӕй, радиопередачӕтӕй ӕмӕ патефонтӕй. Афтӕмӕй Паддзахады хъусынгӕнджыты гыццыл къорд хорз хабар фехъусын кодта тынг бирӕ адӕмӕн (Пс. 19:4). Фӕстаг азты информаци сӕвӕрӕм сайты jw.org. Уый фӕрцы Паддзахады тыххӕй базонынц милуангай адӕм, уыимӕ нӕ хъусын кӕнын кӕм нӕ уадзынц, уыцы бӕстӕты дӕр.
4. Цавӕр сӕрмагонд мадзӕлттӕй пайда кодтам?
4 Йегъовӕйы адӕм ма Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн пайда кодтой сӕрмагонд мадзӕлттӕй дӕр. Зӕгъӕм, 1990 азты ӕмбис мах ӕрмӕст хӕдзарӕй-хӕдзармӕ нӕ хъусын кодтам, фӕлӕ ма райдыдтам хъусын кӕнын паркты, машинӕты лӕууӕндӕтты ӕмӕ куыстуӕтты. Ӕрӕджы ӕгас дунейы дӕр стыр горӕтты райдыдтам хъусын кӕнын, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Уымӕй уӕлдай-ма, бирӕ ӕмбырдты хъусынгӕнджытӕ, сӕ территорийы бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уым фӕхъусын кӕнынц, цӕлхытыл арӕзт стендтӕ ӕмӕ стъӕлттыл цы литературӕ вӕййы, уыдоны фӕрцы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ сӕйраг мадзал уӕддӕр у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын (Хъуыд. 20:20).
5. Ног лӕггады азы махӕй бирӕтӕн цавӕр фадӕттӕ фӕзындзӕн?
5 Размӕ кӕсгӕйӕ. Сентябры, ног лӕггады азы райдианы, бирӕтӕ райдайдзысты ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Ды дӕр райдайдзынӕ? Кӕд нӕ, уӕд дӕ бон нӕ уаид рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын? Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы фылдӕр куы архайай, уӕд дын Йегъовӕ дӕ фыдӕбонӕн ӕнӕмӕнгдӕр раарфӕ кӕндзӕн (Мал. 3:10).
6. 2014 азы октябрь ахсджиаг мӕй цӕмӕн уыдзӕн?
6 2014 азы октябры 100 азы сӕххӕст уыдзӕн, Паддзахад уӕлӕрвты куы сфидар, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ, кӕй парахат кӕнӕм, уыцы брошюрӕ уыдзӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр, цӕмӕй йӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ фылдӕр адӕмӕн раттай. Уӕдӕ фидӕнмӕ кӕсгӕйӕ дарддӕр дӕр «Хуыцауы паддзахады тыххӕй» хорз хабар дзурӕм, чи нӕм хъуса, уыдонӕн (Хъуыд. 8:12).