1914–2014. Хуыцауы Паддзахад паддзахиуӕг кӕны 100 азы!
1922 азы Джозеф Рутерфорд загъта: «Паддзах паддзахиуӕг кӕны! [...] Хъусын кӕнут Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй!» Ацы аз Хуыцауы Паддзахадыл ӕххӕст кӕны 100 азы, ӕмӕ нӕ ацы ныхӕстӕ абон дӕр разӕнгард кӕнынц. Уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй бацархайӕм, цӕмӕй адӕмы нӕ сайтимӕ базонгӕ кӕнӕм ӕмӕ сын уый фӕрцы баххуыс кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй базонынӕн. Цӕй ӕмӕ, ацы август диссаджы мӕй суӕд!