Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 6/14 1 ф.
  • Август ахсджиаг мӕй!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Август ахсджиаг мӕй!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн ныр ис фылдӕр фадӕттӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Хорз нысан ног лӕггады азы
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Алы ран дӕр хъусын кӕнӕм Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Дӕу фӕнды ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
km 6/14 1 ф.

Август ахсджиаг мӕй!

Ӕгас зӕххыл дӕр парахат кӕндзыстӕм ног буклет

1. Хуыцауы Паддзахадыл 100 азы кӕй ӕххӕст кӕны, уый фӕдыл ӕгас зӕххыл дӕр цавӕр зиу уыдзӕн?

1 Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы ӕрфидар, ууыл тагъд сӕххӕст уыдзӕн 100 азы. Уый фӕдыл уыдзӕн зиу ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм! Августы ӕгас зӕххыл дӕр парахат кӕндзыстӕм ног буклет «Кӕм ис царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссарӕн?». Ацы буклет адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ фарстатӕн дзуапп агурой Библийы ӕмӕ сын ӕмбарын кӕны, сайт jw.org сын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый.

2. Нӕ бон куыд уыдзӕн августы «Йегъовӕйы хъӕрӕй» кадджын кӕнын?

2 «Йегъовӕйы хъӕрӕй кадджын кӕнӕм». Донаргъуыд хъусынгӕнджытӕй августы фылдӕр балӕггад кӕнын кӕй фӕнда, уыдоны тыххӕй арӕзт ӕрцыд ивындзинад. Уыцы мӕй ӕххуысгӕнӕг пионертӕн сӕ бон уыдзӕн 30 сахаты хъусын кӕнын. Августы фондз майрӕмбоны, фондз сабаты ӕмӕ фондз хуыцаубоны кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ, кусгӕ чи кӕны ӕмӕ ӕрыгӕттӕй каникултӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кӕнын. Кӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый кӕнӕ дӕ сывӕллон цӕттӕ у, цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суа, уӕд уый тыххӕй зӕгъ хистӕр нӕлгоймӕгты советы координаторӕн. Куыд тынг бафидар уыдзӕн сӕ уырнындзинад, уыцы ахсджиаг мӕй немӕ уацамынды куы цӕуой, уӕд! Кӕд ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй бирӕтӕ августы сӕ афӕдзы сахӕтты нормӕ раттынц ӕмӕ отпусчы вӕййынц, уӕддӕр хорз уаид сӕ график куы фӕивиккой ӕмӕ уыцы зиуы ӕппӕт тыхтӕй куы бацархаиккой. Бинонты дӕр ныр хъӕуы аныхас кӕнын, августы «Йегъовӕйы хъӕрӕй» куыд кадджын кӕндзысты, ууыл (Езд. 3:11; Ӕмб. 15:22).

3. Ацы зиуы рӕстӕг нӕ цавӕр ныфс ис?

3 Ахӕм зиутӕ-иу нын раздӕр дӕр уыди, ӕмӕ нӕ ныфс ис, ацы зиу дӕр нӕ адӕмы историйы стыр фӕд кӕй ныууадздзӕн. Цымӕ августы фылдӕр рӕстӕг хъусын кӕндзыстӕм, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ нӕм фылдӕр ӕххуысгӕнӕг пионертӕ уыдзӕн? 2014 лӕггады азы кӕрон ӕрхӕстӕг кӕны. Цӕй уӕдӕ, Йегъовӕ ӕгас дунейы дӕр йӕ адӕмӕн ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ сын августы хъусын кӕныны хъуыддаджы, нырмӕ куыд никуы уыд, афтӕ бирӕ бантыса! (Матф. 24:14).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын