Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/14 2–3 фф.
  • Иннӕтимӕ Библи арӕхстджынӕй ахуыр кӕнӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иннӕтимӕ Библи арӕхстджынӕй ахуыр кӕнӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй донаргъуыд райсой
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй донаргъуыд райсой (2 хай)
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Кӕс дӕхимӕ, цӕмӕй иннӕты «арӕхстджынӕй ахуыр кӕнай»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй донаргъуыд райсой (1 хай)
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
km 12/14 2–3 фф.

Иннӕтимӕ Библи арӕхстджынӕй ахуыр кӕнӕм

1. Иннӕтимӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдоныл цавӕр хӕс ис?

1 Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, йӕхӕдӕг ӕй «куы не ’рбакӕна, уӕд» (Иоан. 6:44). Фӕлӕ уӕддӕр, иннӕтимӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыцы хъусынгӕнджытӕ хъуамӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕной, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыдмӕ баввахс уой (Иак. 4:8). Уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хорз цӕттӕ кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ ахуыргӕнинаг, Библийы цы фыст ис, уый бамбара ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуа, уый тыххӕй ӕрмӕст абзацтӕ кӕсын ӕмӕ сӕм цы фарстатӕ вӕййы, уыдон дӕттын фаг нӕу.

2. Иннӕтимӕ Библи арӕхстджынӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд сын уый цы ӕххуыс фӕуыдзӕн?

2 Цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ иннӕтимӕ Библи арӕхстджынӕй ахуыр кӕной, уый тыххӕй сын хъуамӕ ӕххуыс кӕной, Библи цы дзуры, уый 1) ӕмбарынӕн, 2) зӕрдӕмӕ исынӕн ӕмӕ 3) уымӕ гӕсгӕ архайынӕн (Иоан. 3:16; 17:3; Иак. 2:26). Чи зоны нӕ дзӕвгар рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕй алкӕцы дӕр ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕна ӕмӕ йын йӕхи снывонд кӕна.

3. Хорз ахуыргӕнӕг фарстатӕ цӕмӕн фӕдӕтты?

3 Адӕймагӕн йӕ хъуыды куыд базонӕм? Адӕймаг Библийӕ цы базоны, уый ӕмбары ӕви нӕ, стӕй йӕ йӕ зӕрдӕмӕ айсы ӕви нӕ, уый базонынӕн хъуамӕ ӕрмӕст нӕхӕдӕг ма дзурӕм, фӕлӕ уымӕн дӕр йӕ хъуыдытӕ дзурыны бар дӕттӕм (Иак. 1:19). Цӕуыл дзурӕм, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый ӕмбары? Йӕхи ныхӕстӕй йӕ йӕ бон у бамбарын кӕнын? Цы базыдта, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы хъуыды кӕны? Библи цы дзуры, уый йӕм раст кӕсы? (1 Фес. 2:13). Цы базоны, уый йӕ цардыл кӕй хъуамӕ фӕзына, уый ӕмбары? (Кол. 3:10). Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм, адӕймагмӕ фарстатӕ уӕзданӕй куы дӕттӕм ӕмӕ-иу ӕм куы байхъусӕм, уӕд (Матф. 16:13–16).

4. Кӕд адӕймагӕн, Библийы цы фыст ис, уый бамбарын кӕнӕ уымӕ гӕсгӕ архайын зын у, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

4 Адӕймаг цӕуыл ахуыр вӕййы ӕмӕ цы зондыл хӕст вӕййы, уый фӕивынӕн арӕх бирӕ рӕстӕг бахъӕуы (2 Кор. 10:5). Кӕд нӕ ахуыргӕнинаг, Библийӕ цы базоны, уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсы кӕнӕ йӕ цард уымӕ гӕсгӕ нӕ ивы, уӕд куыд кӕнгӕ у? Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ ауадза ӕмӕ сыгъдӕг тых йӕ цардыл хуыздӕрырдӕм фӕзына, уый тыххӕй рӕстӕг хъӕуы, стӕй хъуамӕ уӕм фӕразон (1 Кор. 3:6, 7; Дзут. 4:12). Кӕд ын, Библийы цы фыст ис, уый бамбарын кӕнӕ уымӕ гӕсгӕ архайын зын у, уӕд йемӕ тыхныхас кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид йе ’ргом иннӕ фарстамӕ аздахын. Фӕразон куы уӕм ӕмӕ адӕймагӕн рӕстдзинад фӕлмӕнӕй куы амонӕм, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда йӕ цард фӕивын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын