НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хорз хабар хъусын кӕнын дын циндзинад хӕссӕд
Мыййаг дын искуы хъусын кӕнын зын уыди? Бирӕтӕ зӕгъдзысты, о, зӕгъгӕ. Цымӕ цӕмӕн? Чи зоны нӕм нӕ участокы адӕм ӕвзӕр фӕхъусынц, йе та нӕм мӕсты фӕкӕнынц, кӕнӕ та нӕ уӕндӕм ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ сныхас кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕтты тыххӕй нӕ циндзинад ӕрмынӕг вӕййы. Фӕлӕ мах лӕггад кӕнӕм амондджын Хуыцауӕн, ӕмӕ йӕ фӕнды цӕмӕй йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Пс 100:2; 1Тм 1:11). Цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нын хъусын кӕнын ӕхсызгон уа?
Фыццаг, мах хъусын кӕнӕм ныфсы хабар. Кӕд абон адӕмы ныфс бирӕ цӕмӕйдӕрты нӕй, уӕддӕр сӕ мах ныфс бауадзӕм, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» кӕй дзурӕм, уый фӕрцы (Ис 52:7). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар нӕхицӕн дӕр цины хос у. Хъусын кӕнынмӕ ацӕуыны размӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, ууыл.
Дыккаг, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый хуыздӕрырдӕм фӕзыны адӕмы ӕнӕниздзинадыл ӕмӕ Хуыцауы дӕр хуыздӕр базонынц. Се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынц ӕмӕ сӕ ӕнусон цардӕй ныфс фӕзыны (Ис 48:17, 18; Ро 1:16). Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, цыма тӕссаг уавӕры чи ис кӕнӕ чи фесӕфт, ахӕм адӕмы агурӕм ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕнӕм. Ӕмӕ кӕд иуӕй-иуты нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕнӕм, уӕддӕр мах дарддӕр дӕр агурӕм, фервӕзын кӕй фӕнды, уыдоны (Мф 10:11–14).
Ӕртыккаг, ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр – хъусын кӕныны хъуыддаг Йегъовӕйӕн кад хӕссы. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн (Ис 43:10; Дзт 6:10). Стӕй ма нын йӕ сыгъдӕг тых рӕдауӕй дӕтты, цӕмӕй уыцы куыст кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ циндзинад курӕм, уый у, сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый (Га 5:22). Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къаддӕр тыхсӕм ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм (Хъд 4:31). Ӕмӕ нӕм стӕй участокы куыдфӕнды ма хъусой, уӕддӕр мах ӕхсызгонӕй хъусын кӕндзыстӕм (Йез 3:3).
Цавӕр зӕрдӕйы уагимӕ дӕ фӕнды хъусын кӕнын? Дӕ бон куыд у дӕ циндзинад ӕвдисын?
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КУЫ КӔСАЙ ӔМӔ ЙЫЛ КУЫ ХЪУЫДЫ КӔНАЙ, УӔД ТА НОГӔЙ ЦИН КӔНДЗЫНӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АХӔМ ФАРСТАТӔН:
Кӕд алы мӕй дӕр бирӕ хъусын кӕнӕм, уӕддӕр нын Библи ахуыр кӕнын ахсджиагдӕр цӕмӕн хъуамӕ уа?
Марийӕйы куыд хъуамӕ фӕзмӕм?
Хуыцауы Ныхасыл кӕд фӕхъуыды кӕныс?
Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ дын циндзинад цы хӕссы?