Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕлгоймагимӕ Библийыл ныхас кӕны (Тувалу)
Ныхас райдайӕн куыд ис
ФЫЦЦАГ БАЦЫД
Фарста. Кӕд адӕймагӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, уӕддӕр ын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сыл ӕххӕсса?
Стих. Ек 4:6
Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Ацы тыхст рӕстӕджы нын ацы уынаффӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй не ’нӕниздзинад ма фӕцуда, стӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм. Иннӕ хатт нӕ бон у аныхас кӕнын, ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕн куыд ис, ууыл.
РӔСТДЗИНАД АМОН
Фарста. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
Стих. 1Ин 5:3
Рӕстдзинад. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд.
ДЫККАГ БАЦЫД
Цы ис зӕгъӕн. Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, нӕ рӕстӕджы ӕнцон кӕй нӕу, цӕмӕй адӕймаг йӕ куыстыл дӕр ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтыл дӕр ӕххӕсса ӕмӕ ма-иу ын улӕфтӕн дӕр рӕстӕг баззайа.
Стих. Пс 4:8а
Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Ацы цыбыр статья у Библийыл арӕзт ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын стыр ӕххуыс сты, цӕмӕй нын царды алцӕмӕн дӕр, уыимӕ куыстӕн дӕр ӕмӕ улӕфтӕн дӕр, йӕхи бынат уа.
ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС
Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.