ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НАУМ 1 – АВВАКУМ 3
Дӕ уырнындзинад хъахъхъӕн ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕн
Дзуттӕгтӕн, ӕвӕццӕгӕн, зын уыдаид, вавилойнӕгтӕ Иудӕ кӕй ныппырх кӕндзысты, ууыл баууӕндын. Иудӕ Египеты хъомысджын паддзахадӕн хъалон кӕй фыста, уымӕ гӕсгӕ дзы ныфс уыди, йӕ сӕрыл кӕй рахӕцдзӕн. Вавилойнӕгтӕ та египетӕгтӕй тыхджындӕр нӕ уыдысты. Уымӕй уӕлдай ма дзуттӕгтӕй бирӕты уырнгӕ дӕр нӕ бакодтаид, Йегъовӕ Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон ныппырх кӕнын кӕй бауадздзӕн. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр пехуымпарад хъуамӕ сӕххӕст уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ Аввакум хъуамӕ йӕ уырнындзинад хъахъхъӕдтаид ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кодтаид. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдаид, уыцы бонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы.
Ацы дунейы кӕрон тынг хӕстӕг кӕй у, уый мӕ цӕмӕн уырны?
Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мӕ уырнындзинад хъахъхъӕнон ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнон?