НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Цы у ӕцӕг уарзондзинад?»
Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ цӕрӕнбонтӕм иумӕ уой (Рд 2:22–24). Ӕмӕ сын ахицӕн кӕныны бар ис, сӕ иу иннӕйыл гадзрахатӕй куы рацӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Мл 2:16; Мф 19:9). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой. Ӕмӕ сын уый тыххӕй радта, хорз цардӕмбал равзарынӕн ӕмӕ сын амондджынӕй цӕрынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм уагӕвӕрдтӕ (Ек 5:4–6).
БАКӔС ВИДЕОФИЛЬММӔ «ЦЫ У ӔЦӔГ УАРЗОНДЗИНАД?» ӔМӔ АЦЫ ФАРСТАТӔН ДЗУАПП РАТТ:
Фрэнк ӕмӕ Бони сӕ чызг Лизӕн уынаффӕ кӕй радтой, уый раст цӕмӕн уыд ӕмӕ уымӕй сӕ уарзондзинад куыд равдыстой?
Афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у, зӕгъгӕ, мӕ цард баиу кӕнынмӕ кӕимӕ хъавын, уыцы адӕймаджы аивдзынӕн?
Пол ӕмӕ Присциллӕ Лизӕн цавӕр хорз уынаффӕ радтой?
Зак ӕмӕ Мэган кӕрӕдзи цӕуылнӕ ӕмбӕрстой?
Джон ӕмӕ Лиз сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрдтой?
Искӕимӕ дӕ цард баиу кӕнынмӕ куы хъавай, уӕд уӕл раздӕр, йӕ «зӕрдӕйы цы ис, уый» цӕмӕн хъуамӕ базонай? (1Пт 3:4).
Цы у ӕцӕг уарзондзинад? (1Кр 13:4–8).