Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb18 август 3 ф.
  • «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы»
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Уыдтӕн мӕгуыр, фӕлӕ сдӕн хъӕздыг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • «Фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» ма кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
mwb18 август 3 ф.
Лоты ус фӕстӕмӕ Содоммӕ фӕкаст ӕмӕ цӕхдур фестад

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы»

Лоты ус Содомӕй куы лыгъд, уӕд фӕстӕмӕ цӕмӕн фӕкаст? Уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст (Рд 19:17, 26). Фӕлӕ Чырыстийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фӕстӕмӕ уый тыххӕй фӕкаст, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ ӕхсайдта, фӕстейӕ цы ныууагъта, уыдӕттӕм (Лк 17:31, 32). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Лоты усау Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм? Хъуамӕ нын царды мулк сӕйрагдӕр ма суа (Мф 6:33). Йесо загъта, нӕ бон кӕй нӕу, «цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уӕм ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Мф 6:24). Фӕлӕ нын мулк Хуыцауы хъуыддӕгтӕй сӕйрагдӕр кӕй сси, уый куы бамбарӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм? Нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй бамбарӕм, цы нӕ хъӕуы фӕивын, уый ӕмӕ нын цӕмӕй нӕ куывдмӕ гӕсгӕ архайынӕн хъӕбатырдзинад ӕмӕ тыхтӕ ратта.

ДӔ ЗӔРДЫЛ ӔРЛӔУУЫН КӔН ӔРТӔ ХАЙӔ КОНД КИНОНЫВ «УӔ ЗӔРДЫЛ ДАРУТ ЛОТЫ УСЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Аннӕ куысты; Глорийӕ йӕ мады ӕфсымӕримӕ; Брайан ӕмӕ Глорийӕ иумӕ кувынц

    Мӕ зӕрдыл Лоты усы кӕй дарын, уый мӕ бон куыд у мӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисын?

    Глорийӕйӕн ӕдзух фылдӕр ӕхца бакусыны тыххӕй кӕй дзырдтой, уый йӕ зондахастыл, йӕ ныхӕстыл ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл куыд фӕзынд?

  • Лоты усы хабар нын зондзонӕн куыд у?

  • Джо ӕмӕ йӕ бинонтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый сын куыд баххуыс кодта?

  • Аннӕйы уырнындзинадыл йе ’мкусджыты зондахаст куыд фӕзынд?

  • Хъӕбатырдзинад нӕ цӕмӕн фӕхъӕуы, иннӕтӕ нын ӕдзух ӕхца бакусыны тыххӕй куы фӕдзурынц, уӕд?

  • Брайан ӕмӕ Глорийӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕм ногӕй се ’ргом куыд раздӕхтой?

  • Ацы кинонывы Библийӕ дӕ хъус цавӕр уагӕвӕрдтӕм ӕрдардтай?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын