НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Квебекы нын сӕрибардзинад радтой»
Павелӕн куы тӕрхон кодтой, уӕд ӕрдомдта Ромы паддзахы тӕрхон. Ромаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бартӕй спайда кодта ӕмӕ нын уымӕй цӕвиттон ныууагъта. Бакӕсут видеороликмӕ «Квебекы нын сӕрибардзинад радтой» ӕмӕ базонут, не ’фсымӕртӕ сӕ бартӕй куыд пайда кодтой, цӕмӕй Квебекы хорз хабары сӕрыл дзырдтаиккой. Уый фӕстӕ-иу дзуапп раттут ацы фарстатӕн:
Квебекы не ’фсымӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?
Цавӕр буклет парахат кодтой ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?
Ӕфсымӕр Эме Бушейыл цы хабар ӕрцыд?
Канадӕйы Сӕйраг тӕрхондон ӕфсымӕр Эме Бушейы хъуыддаджы фӕдыл цавӕр уынаффӕ рахаста?
Арӕх кӕмӕй нӕ пайда кодтой, уыцы закъонӕй ӕфсымӕртӕ куы спайда кодтой, уӕд хъуыддаг цӕуыл ахицӕн?
Пъӕлицӕйы кусджытӕ сауджыны ардыдӕй ӕмбырд уадзын куы нӕ бауагътой, уӕд уый фӕстӕ цы ӕрцыд?