Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb19 январь 7 ф.
  • «Павел Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Павел Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд»
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Уыдон фыдӕбон кӕнынц мах тыххӕй
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Цӕуӕг цӕстдарджытӕ — ӕцӕгады ӕмкусджытӕ
    Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы фӕндон иумӕйагӕй ӕххӕст кӕнынц ӕппӕт зӕххыл
  • Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынц
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
mwb19 январь 7 ф.
Павел Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕфсымӕртӕ йӕ размӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Павел Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд»

Ромы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ куы базыдтой, Павел сӕм кӕй ӕрцӕуы, уӕд цалдӕрӕй йӕ размӕ рацыдысты (фӕцыдысты иу-64 километры). Цымӕ Павел уымӕ цы цӕстӕй ракаст? «Павел сӕ куы федта, уӕд Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд» (Хъд 28:15). Павел-иу цы ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодта, уыдон-иу бафидар кодта, фӕлӕ йын ацы хатт йӕхи хъуыди бафидар кӕнын, ахст кӕй уыди, уый тыххӕй (2Кр 13:10).

Абон дӕр районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕной. Иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртау уыдон дӕр хатт бафӕллайынц, цӕуылдӕр фӕмӕт кӕнынц ӕмӕ сӕ ныфс дӕр асӕтты. Иннӕ хатт уын районон цӕстдарӕг йӕ бинойнагимӕ уе ’мбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд уӕ бон цы уыдзӕн саразын, цӕмӕй кӕрӕдзи бафидар кӕнат? (Ро 1:11, 12).

  • Районон цӕстдарӕг уацамындон фембӕлд уадзы

    Уацамындон фембӕлдтӕ ма цух кӕн. Районон цӕстдарӕгӕн ӕхсызгон вӕййы, хъусынгӕнджытӕ сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ кӕй спълан кӕнынц, цӕмӕй сын ӕнӕхъӕн къуырийы программӕ фылдӕр пайда ӕрхӕсса (1Фс 1:2, 3; 2:20). Хорз уаид, районон цӕстдарӕг уын уе ’мбырд цы мӕй бӕрӕг кӕндзӕн, уыцы мӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй куы балӕггад кӕнис. Дӕ бон нӕ уаид йемӕ кӕнӕ йӕ бинойнагимӕ уацамынды ацӕуын кӕнӕ сӕ иуы Библийы ахуырмӕ фӕхонын? Уыдонӕн ӕхсызгон вӕййы алыхуызон хъусынгӕнджытимӕ лӕггад кӕнын, суанг, хъусынгӕнӕг ӕрӕджы чи сси кӕнӕ, афтӕ кӕмӕ кӕсы, ӕмӕ йын хъусын кӕнын бынтон хорз нӕ уайы, уыдонимӕ дӕр.

  • Районон цӕстдарӕджы ӕмӕ йӕ бинойнаджы уазӕгуаты фӕхуыдтой

    Уазӕгуарзон у. Уый фадат дын ис, цӕмӕй дӕм районон цӕстдарӕг ӕмӕ йӕ бинойнаг ӕрлӕууой кӕнӕ сӕ сихор бахӕрынмӕ фӕхонай? Афтӕмӕй равдисдзынӕ, кӕй сӕ уарзыс. Уыдоны бирӕ цыдӕртӕ нӕ фӕхъӕуы (Лк 10:38–42).

  • Районон цӕстдарӕг уадзы хистӕр нӕлгоймӕгты фембӕлд

    Йӕ уынаффӕтӕм ын хъус. Районон цӕстдарӕг нын баххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, нӕ лӕггады нӕ фӕхуыздӕр кӕнын цы хъӕуы, уый. Чи зоны йӕ хатт бахъӕуы карзӕй бауайдзӕф кӕнын дӕр (1Кр 5:1–5). Районон цӕстдарӕгӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, йӕ уынаффӕтӕм ын куы байхъусӕм, уӕд (Дзт 13:17).

  • Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ районон цӕстдарӕг ӕмӕ йӕ бинойнагӕн арфӕ кӕнынц

    Бузныг у. Районон цӕстдарӕгӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн зӕгъ, сӕ фыдӕбоны тыххӕй сӕ бузныг кӕй дӕ. Уый сын дӕ бон у сӕхицӕн зӕгъын кӕнӕ та сӕм открыткӕ арвитын (Кл 3:15).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын