Кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм
1. Цавӕр хорз фадат нын вӕййы, районон ӕмӕ нӕ облӕстон цӕстдарджытӕ куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд?
1 Апостол Павел Ромы ӕмбырдмӕ фыста: «Тынг бӕллын уӕ фенынмӕ, цӕмӕй уын, уӕ уырнындзинадӕн ахъаз чи фӕуыдзӕн, уыцы хорздзинӕдтӕй бахай кӕнон ӕмӕ сфидар уат. Уӕвгӕ, растдӕр уаид зӕгъын, цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй» (Ром. 1:11, 12). Нӕ рӕстӕджы дӕр нын хорз фадат ис кӕрӕдзи фидар кӕнынӕн, районон ӕмӕ нӕ облӕстон цӕстдарджытӕ куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд.
2. Ӕмбырд районон цӕстдарӕг кӕй бӕрӕг кӕндзӕн, уый тыххӕй рагацау цӕмӕн фехъусын кӕнынц?
2 Ӕмбырды. Районон цӕстдарӕг ӕмбырд кӕй бӕрӕг кӕндзӕн, уый тыххӕй фехъусын кӕнынц ӕртӕ мӕйы размӕ. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй нын уыцы рӕстӕг фылдӕр пайда ӕрхӕсса (Еф. 5:15, 16). Кӕд кусгӕ кӕныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон суыдзӕн дӕхи ракурын, цӕмӕй уыцы къуырийы дӕргъы уацамынды цӕуай. Иуӕй-иутӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй фӕлӕггад кӕнынц, районон цӕстдарӕг сӕм куы вӕййы, уыцы мӕй. Кӕд искуыдӕм цӕуынвӕнд кӕныс, уӕд дӕ бон нӕу дӕ пълӕнттӕ афтӕ фӕивын, цӕмӕй уыцы къуыри ӕмбырды уай?
3. Районон цӕстдарӕг нӕ куы бӕрӕг кӕна, уӕд нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй бафидар уӕм?
3 Районон цӕстдарӕг ӕмбырд сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕбӕрӕг кӕны, цӕмӕй хъусынгӕнджыты бафидар кӕна ӕмӕ, хуыздӕр куыд хъусын кӕной, уый сын бацамона. Дӕ бон нӕу районон цӕстдарӕгимӕ кӕнӕ йӕ цардӕмбалимӕ уацамынды ацӕуын? Районон цӕстдарӕгӕн ӕхсызгон у алыхуызон хъусынгӕнджытимӕ уацамынды цӕуын, фӕлтӕрддзинад кӕмӕ нӕй, йе та тынг арӕхстджын чи нӕу, уыдонимӕ дӕр. Не ’ппӕты бон дӕр у, районон цӕстдарӕг адӕмимӕ ныхас кӕнын куыд райдайы, уымӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ цы уынаффӕтӕ ратты, уыдонӕй пайда кӕнын (1 Кор. 4:16, 17). Сихормӕ йӕ куы фӕхонӕм, уӕддӕр нын хорз фадат вӕййы кӕрӕдзи фидар кӕнынӕн (Дзут. 13:2). Йӕ раныхӕстӕ ӕмбырды уавӕртӕм гӕсгӕ кӕй фӕивы, уый тыххӕй йӕм лӕмбынӕг хъус.
4. Нӕ бон куыд у нӕ районон цӕстдарӕджы фидар кӕнын?
4 Районон цӕстдарӕг. Апостол Павел дӕр ӕмбырды иннӕ ӕфсымӕрты хуызӕн уыд. Уый дӕр алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста ӕмӕ-иу фӕкӕсынхъуаг дӕр уыд, ӕмӕ-иу ӕй куы бафидар кодтой, уӕд-иу бузныг уыд (2 Кор. 11:26–28). Ромы ӕмбырдӕй ӕфсымӕртӕ куы базыдтой, Павел ахст кӕй у ӕмӕ йӕ сӕ горӕтмӕ кӕй ласдзысты, уӕд иуӕй-иутӕ йӕ размӕ рацыдысты Аппийы базары цурмӕ – фӕцыдысты 74 километры! «Павел сӕ куы федта, уӕд Хуыцауӕн раарфӕ кодта, [ӕмӕ] йӕ зӕрдӕ барухс» (Ап. хъ. 28:15). Махӕн дӕр нӕ бон у нӕ районон цӕстдарӕджы фидар кӕнын. «Уӕлдай кад» ын кӕндзыстӕм, цы къуыри нӕм уа, уӕд ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй кӕй архайдзыстӕм, уымӕй (1 Тим. 5:17). Цӕй уӕдӕ нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, йӕ фыдӕбонӕн ын кӕй аргъ кӕнӕм. Районон цӕстдарӕгӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн ӕхсызгон уыдзӕн, куы нын уыной нӕ фидар уырнындзинад, уарзондзинад ӕмӕ фӕразондзинад, уӕд (2 Фес. 1:3, 4).
5. Не ’ппӕты дӕр фидар кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
5 Цымӕ ацы «тынг уӕззау рӕстӕг» не ’хсӕн чи ис, уыдон фидар кӕнын нӕ хъӕуы? (2 Тим. 3:1). Абон райдайӕм нӕхи цӕттӕ кӕнын, районон цӕстдарӕг нӕм кӕд уыдзӕн, уыцы къуыри зӕрдиагӕй балӕггад кӕнынмӕ. Не ’ппӕтӕн дӕр – районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджытӕн ӕмӕ хъусынгӕнджытӕн, нӕ бон у нӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнын. Уӕдӕ «дарддӕр дӕр нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм» (1 Фес. 5:11).