Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb19 февраль 3 ф.
  • Хуыцауы миниуджытӕ уыныс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы миниуджытӕ уыныс?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сфӕлдыстад кадджын кӕны Хуыцауы
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • Йегъовӕйы хуыздӕр базон, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Уӕ сывӕллӕттӕн дзурут Йегъовӕйы тыххӕй, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕ йӕ уарзондзинадыл дзурӕг куыд сты?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
mwb19 февраль 3 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуыцауы миниуджытӕ уыныс?

Рӕсугъд дидинӕгмӕ, стъалыджын арвмӕ кӕнӕ стыр ӕхсӕрдзӕнмӕ куы фӕкӕсыс, уӕд нӕ ахъуыды кӕныс, ацы диссӕгтӕ чи сфӕлдыста, ууыл? Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уымӕй Хуыцауы миниуджытӕ ирдӕй зынынц (Ро 1:20). Хуыцау цы сфӕлдыста, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ын фенӕм йӕ миниуджытӕ – тых, уарзондзинад, зонд, рӕстдзинад ӕмӕ рӕдаудзинад (Пс 104:24).

Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдонӕй алы бон дӕр цы феныс? Кӕд горӕты цӕрыс, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, цъиутӕ кӕнӕ бӕлӕстӕ феныс. Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕм лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд къаддӕр мӕт кӕндзыстӕм, ахсджиагдӕр цы у, ууыл хъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ тынгдӕр уырндзӕн, Йегъовӕ ныл алкӕддӕр кӕй тыхсдзӕн (Мф 6:25–32). Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд сын ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ уыной. Нӕ алыварс цы ис, уымӕй цас тынгдӕр бузныг уӕм, уыйас не Сфӕлдисӕгмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Пс 8:3, 4).

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЧУДЕСА ТВОРЕНИЯ ПРОСЛАВЛЯЮТ БОГА. СВЕТ И ЦВЕТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Нӕ бон хуызтӕ ӕвзарын цӕй фӕрцы у?

  • Хуызтӕ цӕмӕн аивынц?

  • Арвыл алыхуызон хуызтӕ цӕмӕн вӕййы?

  • Дӕ алыварс цы диссаджы хуызтӕ ис, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы цӕуы?

  • Рӕстӕг-иу цӕмӕн хъуамӕ рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу ӕрдзы диссӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм?

Уарди, ӕрвхуыз гӕлӕбу, алыхуызон дыргътӕ ӕмӕ хурныгуылд

Рухс ӕмӕ хуызтӕ кӕй уынӕм, уый фӕрцы Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын