Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй бӕрӕг у, тынг нӕ кӕй уарзы. Ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй рӕдауӕй кӕй схайджын кӕндзӕн
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕ йӕ уарзондзинадыл дзурӕг куыд сты?
Алы бон дӕр фӕаразӕм бирӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, нӕ равдӕлы, Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ йӕ рӕдаудзинад йе сконд хъуыддӕгты куыд зынынц, ууыл ахъуыды кӕнынмӕ. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтыл хъуыды кодтаиккой ӕмӕ-иу афтӕмӕй Сфӕлдисӕджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой (Мф 6:25, 26).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙЫ СКОНД ХЪУЫДДӔГТӔ ЙӔ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Йегъовӕйы уарзондзинад куыд зыны...
зӕххыл цы элементтӕ ис, уыдонӕй?
зӕххы атмосферӕ куыд конд у, уымӕй?
зӕххыл кӕрдӕг кӕй зайы, уымӕй?
цӕрӕгойтӕ куыд конд сты, уымӕй?
адӕймагӕн йӕ бон уынын, хъусын, тӕфтӕ ӕвзарын, ад ӕмбарын ӕмӕ уырзӕй сгарын кӕй у, уымӕй?
адӕймаджы магъз куыд конд у, уымӕй?