Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb19 февраль 8 ф.
  • Дарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ хӕрзиуӕгӕй дӕ ӕнӕхай мачи ӕмӕ мацы фӕкӕнӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • «Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Йегъовӕйы организацийыл дӕхи бӕтт
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Нӕ фӕразондзинад дзӕгъӕлы нӕу
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
mwb19 февраль 8 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс

Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ рагӕй бӕллыс? Кӕд зындзинӕдтыл сӕмбӕлыс, уӕддӕр ӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? (Ро 8:25). Чырыстӕттӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзарынц: кӕмӕй се сӕфт уынынц, кӕй ӕфхӕргӕ кӕнынц, кӕй дзы ахӕстоны сбадын кӕнынц, кӕмӕ та дзы суанг ӕртхъирӕн дӕр фӕкӕнынц, амардзыстӕм дӕ, зӕгъгӕ. Бирӕтӕ та сӕ удхар кӕнынц низты аххосӕй кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй.

Зын уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, Библи алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм. Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цы ныфс нын ис, ууыл (2Кр 4:16–18; Дзт 12:2). Хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тых дӕттӕ (Лк 11:10, 13; Дзт 5:7). Нӕ уарзӕгой Фыдӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна, «цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм» (Кл 1:11).

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУАМӔ „ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОРӔМ“. ФИДАР НЫФС НӔ УӔД, НӔ ХӔРЗИУӔГ КӔЙ РАЙСДЗЫСТӔМ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Рет ӕмӕ йӕ бинойнаг уацамынды

    Адӕймагыл ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуы? (Ек 9:11, 12)

  • Реты паралич куы ныццавта, уый фӕстӕ, Карл ын стих кӕсы

    Зындзинӕдты рӕстӕг нын куывд куыд баххуыс кӕны?

  • Рет ӕмӕ Карл се ’мбырдӕй иу бинонты фидар кӕнынц

    Кӕд нӕ бон Йегъовӕйӕн раздӕрау лӕггад кӕнын нал у, уӕддӕр, нӕ бон цы у, ууыл фылдӕр цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

  • Рет йӕ цӕстытыл уайын кӕны, дзӕнӕты ӕнӕниз кӕй уыдзӕн, уый

    Дӕ хӕрзиуӕг дӕ цӕстыты раз уӕд

    Нӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзыстӕм, уымӕй нӕ фидар ныфс цӕмӕн ис?

Зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн дӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?

  • Семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕн ӕмӕ сӕ иннӕтимӕ ма бар

  • Лӕмбынӕг сӕм хъус

  • Хуыцаумӕ уыдоны тыххӕй кув, стӕй-иу семӕ дӕр кув

  • Исты хӕринаг сын ӕрцӕттӕ кӕн кӕнӕ сӕм хӕдзары куыстытӕ кӕнынмӕ фӕкӕс

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын