Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb19 апрель 8 ф.
  • Йегъовӕ цы ахуырад дӕтты, уымӕ тырн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ цы ахуырад дӕтты, уымӕ тырн
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Йегъовӕйы организацийы цавӕр скъолатӕ ис?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Цӕттӕ дӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕнынмӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Ног лӕггады азмӕ дӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕр. Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕн
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
mwb19 апрель 8 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ цы ахуырад дӕтты, уымӕ тырн

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Йегъовӕ у нӕ Кадджын Зондамонӕг ӕмӕ нын дӕтты ӕппӕты хуыздӕр ахуырад. Ахуыр нӕ кӕны, цӕмӕй нӕ цард хуыздӕр кӕна ӕмӕ нӕ диссаджы фидӕнмӕ цӕттӕ кӕны. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ӕхца фидын нӕ хъӕуы! (Ис 11:6–9; 30:20, 21; Рар 22:17). Йегъовӕ нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы ма нӕ бон у иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнын (2Кр 3:5).

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Сӕрныллӕг у (Пс 25:8, 9).

  • Пайда кӕн, Йегъовӕ дӕ ныр цӕй фӕрцы ахуыр кӕны, уымӕй, зӕгъӕм, ӕмбырдты нын цы хӕслӕвӕрдтӕ вӕййы, уыдоны архай.

  • Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр (Фп 3:13).

  • Дӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ дӕр цӕттӕ у, цӕмӕй ноджы фылдӕр цӕуылдӕрты сахуыр уай (Фп 3:8).

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ НӔ АХУЫР КӔНЫ ӔМӔ ХАЙДЖЫН СТӔМ БИРӔ АРФӔДЗИНӔДТӔЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зындзинӕдты сӕрты ахызтысты, цӕмӕй сӕ бон уыдаид Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыр кӕнын?

  • Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы цӕуыл ахуыр кӕнынц?

  • Скъола каст чи фӕци, уыдонӕн сӕ ног ӕмбырдты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд баххуыс кодтой?

  • Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъоламӕ кӕй фӕхонынц? (kr 213)

  • Йегъовӕйы организацийы ма цавӕр скъолатӕ ис?

Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола каст чи фӕци, уыдон хъусын кӕнынц Намибийы, Норвегийы, Америкӕйы Иугонд Штатты ӕмӕ Японийы

Йегъовӕ цы ахуырад дӕтты, уымӕ куы тырнай, уӕд дын уый цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

НӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫ СКЪОЛАТӔЙ МЫН СТЫР ПАЙДА ӔРХАСТА:

  • Фембӕлд «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад»

  • Пионерты скъола

  • Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола

  • Хистӕр нӕлгоймӕгты скъола

  • Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола

НӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫ СКЪОЛАТӔЙ МӔ КӔЦЫЙЫ ФӔНДЫ АХУЫР КӔНЫН?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын