ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 КОРИНФӔГТӔМ 7–10
Ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм
Нӕ лӕггад баст у дыууӕ хъуыддагимӕ. Мах архайӕм «фидауынгӕнӕн куысты», ома, хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнӕм, стӕй сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕнӕм, ома, не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм (2Кр 5:18–20; 8:4). Уымӕ гӕсгӕ, не ’мчырыстӕттӕй зын уавӕры чи бахауы, уыдонӕн баххуыс кӕнӕм ӕмӕ уый хауы нӕ лӕггадмӕ. Не ’мчырыстӕттӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд:
парахатӕй райсынц, цы хъуаг сты, уый (2Кр 9:12а);
дарддӕр дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты фӕархайынц, зӕгъӕм, ногӕй зынгзӕрдӕйӕ фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй равдисынц, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй сты, уый (2Кр 9:12б);
кад фӕхӕссӕм Йегъовӕйӕн (2Кр 9:13). Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый уынгӕйӕ бирӕтӕ Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ адӕммӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайынц.