«Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт» (2Кр 5:14)
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Мартъийы кӕнӕ апрелы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕндзынӕ?
Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг дӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр балӕггад кӕнын нӕ фӕндид? (2Кр 5:14, 15). Мартъийы ӕмӕ апрелы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн кӕнӕ 30 сахаты, кӕнӕ 50 сахаты хъусын кӕнын. Кӕд дӕ бон уа ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын, уӕд-иу курдиат байдзаг кӕн ӕмӕ-иу ӕй де ’мбырды комитеты ӕфсымӕртӕм ратт. Ӕххуысгӕнӕг пионертӕй нысангонд чи ’рцӕуа, уыдоны нӕмттӕ алы мӕй дӕр ӕмбырды фехъусын кӕндзысты. Уый фӕрцы иннӕ хъусынгӕнджытӕн сӕ бон уыдзӕн уыцы пионертӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ нормӕ сӕххӕст кӕной. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы арӕхстджындӕр суӕм ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи бафидар кӕнӕм (1Фс 5:11).