Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb19 август 3 ф.
  • Дӕ рӕстӕг ӕрвит, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонимӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ рӕстӕг ӕрвит, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонимӕ
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иоас йе ’мбӕлтты тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Йегъовӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Йегъовӕ арфӕ кӕны, ныфсджынӕй чи архайы, уыдонӕн
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Хъӕбатыр Иодай
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
mwb19 август 3 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ рӕстӕг ӕрвит, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонимӕ

Нӕ рӕстӕг цӕмӕн хъуамӕ ’рвитӕм, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонимӕ? Уымӕн ӕмӕ нӕ рӕстӕг кӕимӕ фервитӕм, уыдон ныл кӕнӕ хорзырдӕм фӕзынынц кӕнӕ ӕвзӕрырдӕм (Ӕм 13:20). Зӕгъӕм, цалынмӕ паддзах Иоас йӕ рӕстӕг сауджын Иодаимӕ ’рвыста, уӕдмӕ «арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый» (2Аз 24:2). Фӕлӕ Иодай куы амард, уӕд Иоас Йегъовӕйы ныууагъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ фӕзынд (2Аз 24:17–19).

Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы апостол Павел чырыстон ӕмбырд абарста «стыр хӕдзаримӕ» ӕмӕ дзы цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны та – «мигӕнӕнтимӕ», ома хӕдзары цы дзауматӕ вӕййы, уыдонимӕ. «Кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ» уыдзыстӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонимӕ нӕ рӕстӕг куы не ’рвитӕм, уӕд, суанг нӕ бинонтӕй кӕнӕ ӕмбырдӕй исчи куы уа, уӕддӕр (2Тм 2:20, 21). Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбӕлттӕ агурӕм, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ нӕ лӕггад кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, уыдоны ’хсӕн.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔХИ ӔВЗӔР ӔМБӔЛТТӔЙ ХИЗ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ нын ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ фӕзына?

  • Видеороликы цы ӕртӕ чырыстоны ’вдыстой, уыдон се ’взӕр ӕмбӕлтты цӕй фӕрцы ныууагътой?

  • Библийӕ дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбӕлттӕ ’взаргӕйӕ ӕмбаргӕ уай?

Джон рестораны йӕ клиенттӕн сӕн кӕны; Кристин интернеты цыдӕртӕ кӕсы; Джаред интернеты хъазы; Джон йӕ бинонтимӕ, Кристин ӕмӕ Джаред ӕмбырды фембӕлды

«Кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕн» дӕн? (2Тм 2:21)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын