ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЗУТТӔГТӔМ 4–6
Ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуай
Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты ӕмбарын кӕны, йӕ фӕнд цы у ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йӕ коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд йе ’нцойадмӕ бацӕудзыстӕм. Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Уынаффӕ мын куы раттынц, уӕд ӕм цы цӕстӕй ракӕсын? Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар Библийы ахуырӕдтӕй искӕцы ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсын?»
Цавӕр хъуыддӕгты мӕ фӕхъӕуы коммӕгӕсдзинад ӕвдисын?