ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 20, 21
Йегъовӕ алкӕддӕр сӕххӕст кӕны, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый
Йегъовӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн сӕ уырнындзинады тыххӕй раарфӕ кодта – лӕппу сын райгуырд. Фӕстӕдӕр фӕлварӕныл куы сӕмбӕлдысты, уӕд коммӕгӕс разындысты. Ӕмӕ уымӕй равдыстой, Йегъовӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл кӕй ӕууӕндыдысты.
Фӕлварӕнты рӕстӕг мӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл кӕй ӕууӕндын? Мӕ бон куыд у мӕ уырнындзинад фидар кӕнын?