ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 6, 7
«Ныр ды фендзынӕ, ӕз фараонӕн цы сараздзынӕн, уый»
Цалынмӕ Йегъовӕ Египетыл бӕллӕхтӕ не ’руагъта ӕмӕ израилӕгты цагъарадӕй не ссӕрибар кодта, уӕдмӕ сын загъта, цы саразинаг уыд, уый. Уыдон хъуамӕ федтаиккой Йегъовӕйы стыр тых. Йегъовӕ йӕ тых хъуамӕ равдыстаид, уӕдмӕ йӕ куыд никуыма равдыста, афтӕ. Ӕмӕ египетӕгтӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ базыдтаиккой, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у. Хуыцау йӕ ныхас куы сӕххӕст кодта, уӕд израилӕгты уырнындзинад бафидар. Ӕмӕ сын уый ноджы тынгдӕр баххуыс кодта, цӕмӕй сын египетаг дины ӕгъдӕуттимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид.
Ацы хабар нын нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны?