ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 15–17
Йегъовӕ Аврамӕн ӕмӕ Сарӕйӕн сӕ нӕмттӕ цӕмӕн фӕивта?
Йегъовӕйы цӕсты Аврам уыд ӕнаипп. Йегъовӕ Аврамӕн бӕлвырддӕр куы бамбарын кодта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уӕд Авраамы схуыдта Авраам, Саррӕйы та – Саррӕ. Уыцы нӕмттӕ цы нысан кодтой, уый амыдта, фидӕны цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдонмӕ.
Сӕ нӕмтты нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ, Авраам сси бирӕ адӕмты фыд, Саррӕйӕ та рацыд паддзӕхтӕ.
Авраам
Нысан кӕны «бирӕ адӕмты фыд»
Саррӕ
Нысан кӕны, паддзахы бинонтӕй кӕй уыдзӕн
Куы райгуырдыстӕм, уӕд нӕхицӕн нӕмттӕ нӕхӕдӕг нӕ равзӕрстам. Фӕлӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйау махӕн дӕр нӕ бон у нӕхицӕн хорз ном скӕнын. Ахъуыды кӕн:
«Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты ӕнаипп уон?»
«Йегъовӕйы раз мын цавӕр ном ис?»