ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 10, 11
Моисей ӕмӕ Аарон стыр хъӕбатырдзинад равдыстой
Моисей ӕмӕ Аарон стыр хъӕбатырдзинад равдыстой, фараонимӕ – уӕды заман ӕппӕты хъомысджындӕр адӕймагимӕ – куы ныхас кодтой, уӕд. Уый сын цӕй фӕрцы бантыст? Моисейы тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ уырнындзинады фӕрцы рацыд Египетӕй, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ паддзахы фыдӕхӕй фӕтарст – уый уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ» (Дзт 11:27). Моисей ӕмӕ Аарон Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ йыл сӕ ныфс дардтой.
Цавӕр уавӕрты нӕ фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад равдисын, цӕмӕй-иу, бартӕ кӕй къухы сты, уыдоны раз нӕ уырнындзинады сӕрыл дзурӕм?