ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 13, 14
«Фидар лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ... куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ»
Йегъовӕ у, йӕ адӕмыл чи тыхсы ӕмӕ сӕ чи ирвӕзын кӕны, ахӕм Хуыцау. Йегъовӕ израилӕгты тынг кӕй уарзта, уый куыд равдыста, Египетӕй сӕ куы ракодта, уӕд?
Ракодта сӕ, «ӕфсад къордтӕ-къордтӕй» куыд ракӕнынц, афтӕ (Рц 13:18).
Разамынд сын лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдта (Рц 14:19, 20).
Йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, стырӕй-гыццылӕй, фервӕзын кодта (Рц 14:29, 30).
Стыр бӕллӕхӕй цӕуылнӕ хъӕуы тӕрсын? (Ис 30:15).