ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 33, 34
Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ
Моисей зыдта, Йегъовӕ цавӕр миниуджыты хицау у, уый, ӕмӕ йын уый ӕххуыс кодта, цӕмӕй израилӕгтимӕ фӕразон уыдаид. Мах дӕр Йегъовӕйы миниуджытӕ хуыздӕр базоныныл куы архайӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уыдзыстӕм.
«Фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг». Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕлмӕн уарзтӕй уарзы ӕмӕ сыл тыхсы, фыд йӕ сывӕллӕттыл куыд фӕтыхсы, афтӕ.
«Мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны». Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ у фӕразон. Уый сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм нӕ ныккомкоммӕ вӕййы ӕмӕ сын рӕстӕг ратты, цӕмӕй фӕивой.
«Ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт». Йегъовӕ йӕ адӕмы уарзы ӕнувыд уарзтӕй, ӕмӕ ӕнустӕм уыдзӕн сӕ хӕлар.
АХЪУЫДЫ КӔН: «Мӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын, цӕмӕй ӕз дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг уон?»