ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 4, 5
Йегъовӕйӕн дӕтт, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый
Израилӕгтӕй мӕгуыр чи уыд, уыдонӕн дӕр фадат уыд, цӕмӕй Йегъовӕимӕ фӕрнӕй цардаиккой. Ӕппӕты мӕгуырдӕр чи уыд, суанг уыдонӕн дӕр сӕ бон уыд Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын, ӕрмӕст-иу хъуамӕ хастаиккой, хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый. Сӕ бон уыд нывондӕн ссад хӕссын, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ уыдаид «ӕппӕты хуыздӕр» ссад, кадджын уазджытӕн-иу дзул кӕмӕй кодтой, ахӕм (Рд 18:6). Абон дӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый, зӕгъӕм, цӕмӕй йын хӕссӕм «кады нывонд». Ӕмӕ нӕ нывонд гыццыл куы уа, уӕддӕр дзы Йегъовӕ райгонд уыдзӕн, кӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, уӕд (Дзт 13:15).
Кӕд де ’нӕниздзинад ӕрлӕмӕгъ кӕнӕ де уӕнгты хъару нал ис, ӕмӕ уый тыххӕй дӕ бон раздӕрау лӕггад кӕнын нал у, уӕд дын ацы хъуыдытӕ куыд баххуыс кӕндзысты?