Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb21 мартъи 5 ф.
  • Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕхи цӕттӕ кӕныс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕхи цӕттӕ кӕныс?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕй фӕхондзынӕн?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • «Афтӕ-иу кӕнут». Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 5 апрелы
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
mwb21 мартъи 5 ф.
Петр ӕмӕ Иоанн стъолыл дзул ӕмӕ нуазӕн къустӕ ӕвӕрынц

Нӕ эрӕйы 33 азы Петр ӕмӕ Иоанн уӕллаг уат Куадзӕнмӕ цӕттӕ кӕнынц

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕхи цӕттӕ кӕныс?

Йесо фӕстаг хатт цы Куадзӕн сбӕрӕг кодта, уымӕн тынг ахсджиаг нысаниуӕг уыд. Йесойӕн йӕ мӕлӕт хӕстӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд Куадзӕн йӕ апостолтимӕ сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрын ног бӕрӕгбонӕн, Хицауы ӕхсӕвӕрӕн. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой алы аз дӕр. Гъемӕ Петр ӕмӕ Иоанны арвыста, цӕмӕй уат бацӕттӕ кодтаиккой (Лк 22:7–13; кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл). Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, мах дӕр кӕй хъӕуы нӕхи Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнын, уыдзӕн 27 мартъийы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, алцыдӕр бацӕттӕ кӕндзысты: равзардзысты, раныхас чи дзурдзӕн, ахӕм ӕфсымӕры, бацӕттӕ кӕндзысты дзул ӕмӕ сӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕхи Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕна?

Дӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕн. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ уыдзӕн кӕсинаг, уыдон-иу бакӕс ӕмӕ-иу сыл ахъуыды кӕн. Дӕ бон у уыцы скъуыддзӕгтӕ бакӕсын, брошюрӕйы «Алы бон дӕр Фыстад иртас» цы график ис, уымӕ гӕсгӕ. Брошюрӕйы «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн» 16 сӕргонды та ис бӕлвырддӕр график. (Ноджыдӕр кӕс 2020 азы апрелы «Кусӕн тетрад».) Бинонтӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзысты «Индекс публикаций Сторожевой Башни» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Уым сӕ бон у, Чырыстийы нывонд куыд ахсджиаг у, уый фӕдыл ӕрмӕг ссарын ӕмӕ йӕ сӕ бинонты ахуыры рӕстӕг равзарын.

Бинонтӕ сӕ бинонты ахуыры рӕстӕг Ӕрымысӕн изӕрыл ныхас кӕнынц

Иннӕты фӕхон. Ӕрымысӕн изӕрмӕ адӕмы зӕрдиагӕй хон. Ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕй у фӕхонын. Зӕгъӕм, дӕ бон у фӕхонын, ӕдзух кӕй бабӕрӕг кӕныс, уыдоны, раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодтай, уыдоны, дӕ зонгӕты ӕмӕ дӕ хиуӕтты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ фӕхоной, иуцасдӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, уыдоны. Фӕхонын дӕ кӕй фӕнды, уыдонӕй кӕд исчи ӕндӕр ран цӕры, уӕд дӕ бон у бацӕуын сайтмӕ jw.org, цӕмӕй базонай, уыцы ран Ӕрымысӕн изӕр кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый. Уый тыххӕй сайты сӕйраг фарсыл равзар вкладкӕ «МАХ ТЫХХӔЙ», хай «Ӕрымысӕн изӕр».

Дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы, иуцасдӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, ахӕм ӕфсымӕры бӕрӕг кӕнынц ӕмӕ йӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонынц

Ноджыдӕр ма дӕ бон куыд у дӕхи бацӕттӕ кӕнын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын