Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb21 июль 3 ф.
  • Адӕймаджы-иу бамбарут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕймаджы-иу бамбарут
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Фарстатӕ дӕттут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Хуыцауы Ныхасӕй пайда кӕнут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
mwb21 июль 3 ф.

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Адӕймаджы-иу бамбарут

Адӕймаджы бамбарай, уый цӕуыл дзурӕг у? Йӕ бынаты-иу нӕхи куы сӕвӕрӕм, йӕ зондахаст, йе ’нкъарӕнтӕ, стӕй, цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕны, уый бамбарыныл-иу куы архайӕм. Цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ зӕрдиагӕй фӕнда адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Адӕймаг ӕй ӕнцонтӕй бамбары, хорз зӕрдӕ йӕм кӕй дарӕм. Хъусын кӕнгӕйӕ кӕуыл фембӕлӕм, уыдоны бамбарыныл куы архайӕм, уӕд афтӕмӕй сӕ бон уыдзӕн фенын, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы. Ӕмӕ сӕ уӕд, чи зоны, Йегъовӕйы базонын бафӕнда (Фп 2:4).

Иннӕты бамбарыныл куы фӕархайӕм, уӕд уый бӕрӕг вӕййы, нӕхи семӕ куыд фӕдарӕм, уымӕй, нӕ ныхасы уагӕй ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг кӕй фӕхъусӕм, уымӕй. Хъуамӕ-иу бафиппайӕм, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, цӕуыл ӕууӕнды, цы уавӕрты ис ӕмӕ йӕ цы цымыдис кӕны. Нӕ бон ын у, царды йын чи фӕпайда уыдзӕн, ахӕм ӕрмӕг бацагурын ӕмӕ йын хъуыддагӕй баххуыс кӕнын. Фӕлӕ йын хъуамӕ йӕ царды тыххӕй мацы ивын кӕнӕм. Иннӕтӕ нын не ’ххуысыл куы сразы вӕййынц, уӕд нын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад ӕрхӕссы.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ХӔССЫ ЦИНДЗИНАД. АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔНУТ. ТӔРИГЪӔДГӔНАГ УТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнут. Тӕригъӕдгӕнаг ут». Кафейы Джейд Нитӕйӕн ӕмбарын кӕны, Библийы ахуырмӕ цӕттӕ цӕуылнӕ у, уый

    Джейд куы байрӕджы кодта, уӕд Нитӕ куыд равдыста, кӕй йӕ ӕмбары, уый?

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнут. Тӕригъӕдгӕнаг ут». Нитӕ Джейды ӕмбары ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг хъусы

    Джейд афтӕ куы загъта, ӕмӕ йӕм Библи ахуыр кӕнынӕн тыхы мур нал ис, уӕд Нитӕ куыд равдыста, кӕй йӕ ӕмбары, уый?

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнут. Тӕригъӕдгӕнаг ут». Нитӕ Джейдӕн йӕ къомнӕт бафснайынӕн ӕххуыс кӕны

    Иннӕты бамбарыныл куы архайӕм, уӕд сӕ Йегъовӕйы базонын бафӕнддзӕн

    Нитӕ куы базыдта, Джейд йӕ хъуыддӕгтӕ пълан кӕнын кӕй нӕ зоны, уӕд куыд бакодта?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын