Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb21 сентябрь 11 ф.
  • Хотӕ ӕмӕ-иу ’фсымӕрты ӕххуысыл сразы ут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хотӕ ӕмӕ-иу ’фсымӕрты ӕххуысыл сразы ут
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстатӕ дӕттут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Йегъовӕйы ӕххуысыл-иу сразы ут. Хуыцаумӕ кувут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
mwb21 сентябрь 11 ф.

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Хотӕ ӕмӕ-иу ’фсымӕрты ӕххуысыл сразы ут

Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, ӕгас дунейы нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдоны уылты (1Пт 5:9). Уыдон нын феххуыс кӕнынц, уацамынды цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты хизынӕн. Зӕгъӕм, апостол Павелӕн ӕххуыс кодтой Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ, Силӕ, Тимофей ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ (Хъд 18:1–5).

Хотӕ ӕмӕ нын ӕфсымӕртӕ куыд баххуыс кӕнынц, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм? Иутӕ нын раттынц хорз уынаффӕтӕ, уацамынды нын исчи нӕ ныхас ӕрдӕгыл куы аскъуына, уӕд ын нӕ бон цы уаид зӕгъын, уый фӕдыл. Иннӕтӕ нын бацамонынц, адӕймаджы ногӕй куы бабӕрӕг кӕнӕм, уӕд нӕ бон куыд уаид йемӕ аныхас кӕнын. Чидӕртӕ та нын бацамонынц, нӕ бон куыд уаид искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ Библийы ахуыр уадзын. Ахъуыды кӕн, ӕмбырды дын кӕй бон уаид баххуыс кӕнын, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнай, ӕмӕ уыцы адӕймагӕй ӕххуыс ракур. Афтӕ куы архайай, уӕд уый уӕ дыууӕйӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ уын стыр цины хос уыдзӕн (Фп 1:25).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ХӔССЫ ЦИНДЗИНАД. ЙЕГЪОВӔЙӔ ӔХХУЫС КУРУТ. НЕ ’ФСЫМӔРТӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Йегъовӕйӕ ӕххуыс курут. Не ’фсымӕртӕ». Нитӕ иу хоимӕ Джейдӕн Библийы ахуыр уадзы

    Нитӕ цы арӕзта, цӕмӕй Джейд ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтаид?

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Йегъовӕйӕ ӕххуыс курут. Не ’фсымӕртӕ». Абигейл Джейдӕн дзуры, зарӕггӕнӕг кӕй уыд; Нитӕ сӕм хъусы

    Хотӕ ӕмӕ-иу ’фсымӕрты нӕ Библийы ахуырмӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕхонӕм?

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Йегъовӕйӕ ӕххуыс курут. Не ’фсымӕртӕ». Нитӕ кӕдӕмдӕр ацыд, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Абигейл Джейдимӕ Библи ахуыр кӕны

    Адӕймаг Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг свӕййы, ӕмбырды йын алчидӕр кӕй феххуыс кӕны, уый фӕрцы

    Джейдӕн дӕр ӕмӕ Абигейлӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ цы цыд?

  • Уацамынды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕ бон цӕуыл у сахуыр кӕнын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын