Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb22 мартъи 13 ф.
  • Зындзинӕдтӕн ӕнӕмӕнг кӕрон ӕрцӕудзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зындзинӕдтӕн ӕнӕмӕнг кӕрон ӕрцӕудзӕн
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс кӕны
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Дарддӕр дӕр фӕразон ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
mwb22 мартъи 13 ф.
Къамтӕ видеороликӕй «Ацы дихтӕ дунейы се ’хсӕн ис иудзинад». 1. Ӕрмӕстдӕр сауцъар хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕм ис, ахӕм къорд конгрессы. 2. Сауцъар ӕмӕ урсцъар хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ устытимӕ. 3. Сауцъар ацӕргӕ хо ӕмӕ урсцъар ӕрыгон хо стендимӕ хъусын кӕнынц

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Зындзинӕдтӕн ӕнӕмӕнг кӕрон ӕрцӕудзӕн

Зындзинӕдты тыххӕй хатт нӕ ныфс асӕтты, уӕлдайдӕр бирӕ рӕстӕг куы ахӕссынц, уӕд. Давид зыдта, паддзах Саулы тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста, уыдон ӕппынфӕстаг кӕй фӕуыдзысты ӕмӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ паддзах кӕй суыдзӕн (1См 16:13). Давидӕн фидар уырнындзинад кӕй уыд, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст.

Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ куы уӕм ӕмӕ зондӕй куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын (1См 21:12–14; Ӕм 1:4). Фӕлӕ иуӕй-иу зындзинӕдтӕй нӕ фервӕздзыстӕм, кӕд Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, уӕддӕр. Ахӕм уавӕрты хъуамӕ уӕм фӕразон ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уый нын тагъд рӕстӕджы не ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн (Рар 21:4). Нӕ зындзинӕдтӕй Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы фервӕзӕм ӕви ӕндӕр цӕйдӕр фӕрцы, иу хъуыддагыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын: ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр ӕнӕмӕнг кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уый нын у удӕнцойы хос.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АЦЫ ДИХТӔ ДУНЕЙЫ СЕ ’ХСӔН ИС ИУДЗИНАД» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Иугонд Штатты хуссар хайы иуӕй-иу чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?

  • Фӕразон кӕй уыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи кӕй уарзтой, уый цӕмӕй уыди бӕрӕг?

  • Цы сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ тыхтӕ, «ахсджиагдӕр цы у», уымӕ сарӕзтаиккой? (Фп 1:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын