Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb22 сентябрь 5 ф.
  • Лӕг ӕмӕ ус – цӕрӕнбонтӕм иумӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Лӕг ӕмӕ ус – цӕрӕнбонтӕм иумӕ
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Бинонтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ кӕмӕн нӕй, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Бинонты цард – уарзӕгой Хуыцауы лӕвар
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Бинонты цардмӕ хъӕуы цӕттӕ кӕнын
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
  • Хуыцауы амындтӕ, цардӕмбал чи агуры, уыдонӕн
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
mwb22 сентябрь 5 ф.
Лӕг ӕмӕ ус иумӕ хъусын кӕнынц

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Лӕг ӕмӕ ус – цӕрӕнбонтӕм иумӕ

Чырыстон бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд куы вӕййынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд Йегъовӕйӕн кад фӕхӕссынц ӕмӕ вӕййынц амондджын (Мч 10:9). Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ чырыстон хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтыл хъуыды кӕна. Уыдон ын баххуыс кӕндзысты, цӕрӕнбонты амондджынӕй кӕимӕ цӕрдзӕн, ахӕм цардӕмбал равзарынӕн.

Хуыздӕр у, цӕмӕй искӕимӕ ӕмбӕлын ӕгӕр ӕрыгонӕй ма райдайай. Ӕрыгӕттӕн сӕ «буары монцтӕ» тыхджын вӕййынц, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ зондджын уынаффӕ рахӕссын зын вӕййы (1Кр 7:36). Цалынмӕ дын цардӕмбал нӕй, уӕдмӕ уал архай, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнай ӕмӕ дӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнай. Ӕмӕ фидӕны дӕ цард искӕимӕ куы баиу кӕнай, уӕд уыдзынӕ хорз цардӕмбал.

Адӕймагимӕ дӕ цард баиу кӕныны размӕ базон, йӕ «зӕрдӕйы цы ис, уый», ома ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг у, уый (1Пт 3:4). Исты дызӕрдыг хъуыдытӕ дӕм куы фӕзына, уӕд йемӕ уый тыххӕй аныхас кӕн. Бинонтӕ дын куы уа, уӕд фыццаджыдӕр хъуамӕ хъуыды кӕнай, дӕ цардӕмбалӕн дӕ бон «раттын» цы у, ууыл, дӕ бон дзы «райсын» цы у, ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ (Фп 2:3, 4). Цалынмӕ дын бинонтӕ нӕма ис, уӕдмӕ куы архайай Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, уӕд дын уый фӕстӕдӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ цардӕмбалимӕ амондджынӕй цӕрай.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИНОНТЫ ЦАРДМӔ ЦӔТТӔ КӔНЫН (3-АГ ХАЙ). „ЙӔ САРАЗЫНӔН ЦАС БАХЪӔУДЗӔН, УЫЙ НӔ БАНЫМАЙДЗӔН?“» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Хо Шонимӕ ӕмбӕлын куы райдыдта, уӕд фыццаг сӕ хабар куыд уыд?

  • Хо Шоны хуыздӕр куы базыдта, уӕд цы бафиппайдта?

  • Хойӕн йӕ ныййарджытӕ куыд баххуыс кодтой ӕмӕ цавӕр уынаффӕ рахаста?

Ӕфсымӕры цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын:

Цавӕр чырыстон миниуджытӕ йӕм ис? Цӕмӕй у бӕрӕг, Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты кӕй ӕвӕры? Йегъовӕ йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕн аргъ кӕны ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайы? Бӕрӕг у, иннӕтыл кӕй тыхсы?

Хойы цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын:

Цавӕр чырыстон миниуджытӕ йӕм ис? Йӕ лӕггад ӕмӕ йын ӕмбырды хъуыддӕгтӕ куыстӕй, ӕхцайӕ, спортӕй ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕй ахсджиагдӕр сты? Йӕ бинонтимӕ йӕхи куыд фӕдары? Бӕрӕг у, иннӕтыл кӕй тыхсы?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын