Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb23 январь 11 ф.
  • Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый-иу базон

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый-иу базон
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Библи алы бон дӕр кӕс ӕмӕ зонд агур
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕной
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
mwb23 январь 11 ф.
Къамӕй арӕзт ныв. Ист у видеороликӕй «Хъуамӕ „фӕразонӕй згъорӕм“. Пайда хӕринӕгтӕ хӕрӕм». Ребеккӕ иртасы брошюрӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа»

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый-иу базон

Мах фӕнды нӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын (Ӕм 27:11). Фӕлӕ хатт Библийы нӕ вӕййы, нӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм бӕлвырд закъон. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕры, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссӕм?

Библи ӕдзух иртас. Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕимӕ рӕстӕг фервитӕм. Бакӕсӕм, йӕ адӕмӕн куыд уыди, уый тыххӕй, стӕй, йӕ цӕсты хорз йе та, ӕвзӕр цы у, уый чи арӕзта, уыдоны тыххӕй. Уый фӕрцы базонӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый. Исты уынаффӕ рахӕссын нӕ куы бахъӕуа, уӕд нын, гӕнӕн ис, сыгъдӕг тых нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, Библийы кӕй бакастыстӕм, уыцы ахсджиаг хъуыдытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ (Ин 14:26).

Фарста дӕм куы фӕзына, уӕд-иу ӕй раиртас. Уынаффӕ рахӕссыны размӕ ахъуыды кӕн: «Библийӕ мын цавӕр стихтӕ кӕнӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбарон, Йегъовӕ ацы хъуыддаджы тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый?». Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракур. Спайда кӕн, иртасынӕн нӕм цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй, цӕмӕй ссарай, дӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм уагӕвӕрдтӕ Библийӕ ӕмӕ стӕй, уыдонмӕ гӕсгӕ архай (Пс 25:4).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУАМӔ „ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОРӔМ“. ПАЙДА ХӔРИНӔГТӔ ХӔРӔМ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ӕрыгон хойӕн цавӕр фӕлварӕнтӕ уыд?

  • Нӕ публикацитӕ куы иртасай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ды дӕр ахӕм фӕлварӕнты фидар фӕлӕууай?

  • Библи куы иртасӕм ӕмӕ нӕм цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн дзуаппытӕ куы агурӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн? (Дзт 5:13, 14).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын