3 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
35 ЗАРӔГ «Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут»
Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсс
«Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн, ӕмӕ Сыгъдӕг Хуыцауы зонын – ӕцӕг ӕмбарындзинад» (ӔМБ. 9:10).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Зонындзинӕдтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ нын арфуынындзинад куыд баххуыс кӕндзысты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн.
1. Алкӕй дӕр нӕ алы бон цы фӕхъӕуы аразын?
АЛЫ бон дӕр нӕ фӕхъӕуы цыдӕр аскъуыддзаг кӕнын, цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссын. Кӕцыдӕр фарстатӕ ӕнцондӕр вӕййы аскъуыддзаг кӕнын, зӕгъӕм, абон райсомӕй цы бахӕрон кӕнӕ изӕрӕй цафон схуыссон. Кӕцыдӕртӕ та зындӕр вӕййы аскъуыддзаг кӕнын. Хатт нӕ фӕхъӕуы нӕхи кӕнӕ нӕ бинонты ӕнӕниздзинадимӕ, йе та нӕ лӕггадимӕ баст фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын. Кӕцыдӕр уынаффӕтӕй кӕнгӕ вӕййы, амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ. Мах фӕнды, цӕмӕй-иу, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон нӕхи цардыл дӕр ӕмӕ нӕ бинонты цардыл дӕр хорзырдӕм фӕзыной. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та нын у, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуой (Ром. 12:1, 2).
2. Цавӕр къахдзӕфтӕ дын баххуыс кӕндзысты раст уынаффӕ рахӕссынӕн?
2 Цы-иу нын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн? Фӕхъӕуы ӕртӕ къахдзӕфы саразын: 1) уавӕрмӕ цы хауы, уыдӕттӕ базонын; 2) Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый базонын ӕмӕ 3) цы варианттӕ дӕм ис, уыдоныл дзӕбӕх ахъуыды кӕнын. Ацы статьяйы сыл бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм. Стӕй ма фендзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕм арфуынӕг ӕмӕ-иу, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый бамбарӕм (Ӕмб. 2:11).
УАВӔРМӔ ЦЫ ХАУЫ, УЫДӔТТӔ БАЗОН
3. Уынаффӕ рахӕссыны размӕ, уавӕрмӕ цы хауы, уыдӕттӕ базонын цӕмӕн фӕхъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
3 Уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал-иу фыццаг хъӕудзӕн, уавӕрмӕ цы хауы, уыдӕттӕ базонын. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Зӕгъӕм, фӕрынчын дӕ ӕмӕ дохтырмӕ ацыдтӕ. Уайтагъд дын хостӕ рафысдзӕн? Нӕ, фыццаг уал дӕ фендзӕн, цӕмӕйдӕрты дӕ бафӕрсдзӕн, цы хъӕуы, уыдӕттӕ базондзӕн. Уӕдӕ-иу цалынмӕ уынаффӕ рахӕссӕм, уӕдмӕ-иу нӕ хъӕудзӕн фыццаг ахъуыды кӕнын, уыцы уавӕрмӕ цы хауы, уыдӕттыл. Уый куыд ис аразӕн?
4. Ӕмбисӕндтӕ 18:13 стихмӕ гӕсгӕ, дӕ бон куыд у, цы хъӕуы, уыдӕттӕ базонын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
4 Зӕгъӕм, бадтмӕ дӕ фӕхуыдтой. Ӕмӕ дӕ хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, ацӕуай ӕви нӕ. Дӕ бон у, чи дӕ фӕхуыдта, уыцы адӕймагмӕ фарстатӕ раттын. Цы дзы уыдзӕн, уый кӕд нӕ зоныс, уӕд ӕй бафӕрс: «Уыцы бадт кӕм ӕмӕ кӕд уыдзӕн? Цал адӕймаджы дзы уыдзӕн? Читӕ дзы уыдзӕн? Уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ йӕ хъус чи дардзӕн? Цавӕр программӕ дзы уыдзӕн? Нозт дӕр дзы уыдзӕн?» Ацы фарстаты фӕрцы базондзынӕ, раст уынаффӕ рахӕссынӕн дӕ цы хъӕуы зонын, уыдӕттӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 18:13.)
Фарстатӕ дӕтт ӕмӕ-иу афтӕмӕй базон, дӕ уавӕрмӕ цы хауы, уыдӕттӕ (кӕс 4 абзац)a
5. Цы хъӕуы, уыдӕттӕ куы базонай, уӕд дӕ цы хъӕудзӕн саразын?
5 Уынаффӕ рахӕссынӕн дӕ зонын цы хъӕуы, уыдӕттӕ куы базонай, уӕд-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕн, уыцы бадт куыд рауайдзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, базыдтай, кӕй дзы уыдзӕн, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕ кӕнӕ, фынгтыл цас нозт ӕвӕрдзысты, уымӕ йӕ хъус кӕй ничи дардзӕн. Уӕд уыцы бадтӕй ӕнӕуаг цӕл-минас нӕ рауайдзӕн? (1 Пет. 4:3). Фӕлӕ ма дӕ хъӕуы ноджыдӕр иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕнын. Чи зоны дын уыцы бон ис ӕмбырд кӕнӕ та уый размӕ кӕимӕдӕр баныхас кодтай уацамындмӕ ацӕуыныл. Хъуыддагмӕ алырдыгӕй куы ’ркӕсай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын. Уӕдӕ уыцы уавӕры фӕдыл дӕхимӕ цавӕрдӕр хъуыды фӕзынд. Фӕлӕ дӕ ныр хъӕуы иннӕ къахдзӕф саразын – Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый базонын (Ӕмб. 2:6).
ЙЕГЪОВӔ ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫ, УЫЙ БАЗОН
6. Иаковы 1:5 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй цӕмӕн хъӕуы Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын?
6 Йегъовӕйӕ кур, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, куыд хъуыды кӕны, уый бамбарынӕн. Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ратдзӕн зонд, цӕмӕй бамбарӕм, цы уынаффӕ рахӕссинаг стӕм, уый йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ. Уый зонд «алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй». (Бакӕс Иаковы 1:5.)
7. Дӕ бон куыд у Йегъовӕйы хъуыды базонын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
7 Кӕд Йегъовӕмӕ скуывтай ӕмӕ дзы разамынд ракуырдтай, уӕд бацархай, цавӕр дзуапп дын дӕтты, уый бамбарыныл. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Ацыдтӕ балцы ӕнӕзонгӕ горӕтмӕ ӕмӕ уым фӕдзӕгъӕл дӕ. Куыд бакӕндзынӕ? Ӕвӕццӕгӕн, искӕй афӕрсдзынӕ, кӕдӕм дӕ хъӕуы, уырдӕм кӕуылты цӕугӕ у. Ӕмӕ йын йӕ дзуапмӕ нӕ банхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, афтӕмӕй ацӕудзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ нӕ бакӕндзынӕ. Ды лӕмбынӕг байхъусдзынӕ, цы дын дзуры, уымӕ. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ зонд куы ракурай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй, цы дзуапп дын дӕтты, уый бамбарай. Уый тыххӕй дӕ хъӕудзӕн, Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕй дӕ уавӕрмӕ кӕцытӕ хауынц, уый базонын. Ӕрдӕбон цы бадты кой кодтам, ууыл та ногӕй ахъуыды кӕнӕм. Цавӕр уагӕвӕрдтӕ дын баххуыс кӕндзысты, уырдӕм ацӕуай ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн? Дӕ бон у ахъуыды кӕнын, Библийы ӕнӕуаг цӕл-минасы тыххӕй кӕнӕ ӕвзӕр ӕмбӕлтты тыххӕй цы фыст ис, ууыл, стӕй дын сӕйраг, дӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад кӕй хъуамӕ уа, ууыл дӕр (Матф. 6:33; Ром. 13:13; 1 Кор. 15:33).
8. Дӕ бон куыд у дӕ фарстайы фӕдыл хъӕугӕ ӕрмӕг ссарын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
8 Фӕлӕ дӕ, чи зоны, бахъӕуа ӕххуыс, дӕ уавӕрмӕ цы уагӕвӕрдтӕ хауынц, уыдон ссарынӕн. Уӕд дӕ бон у фӕлтӕрдджын хо кӕнӕ ӕфсымӕры бафӕрсын. Ӕмӕ дын, гӕнӕн ис, зӕгъа, дӕ бон кӕм у Библийы ахӕм стихтӕ ссарын кӕнӕ ма дын ноджыдӕр цавӕрдӕр хорз уынаффӕ ратта. Фӕлӕ дӕхи бон дӕр у ӕрмӕг бацагурын. Бирӕ хъӕугӕ ӕрмӕг ӕмӕ стихтӕ ссарӕн ис ахӕм публикациты: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» ӕмӕ «Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн». Дӕ зӕрдыл дар: дӕ нысан у, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссын.
Базон, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый (кӕс 8 абзац)b
9. Ноджыдӕр ма цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ уынаффӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕуа? (Ефесӕгтӕм 5:17).
9 Ноджыдӕр ма цы хъӕуы, цӕмӕй рахӕссӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ? Фыццаджыдӕр хъуамӕ Йегъовӕйы хорз зонӕм. Библийы фыст ис: «Сыгъдӕг Хуыцауы зонын... [у] ӕцӕг ӕмбарындзинад» (Ӕмб. 9:10). Йегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ, цавӕр фӕнд ис, цы уарзы ӕмӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уый куы зонӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, кӕй нӕм ис ӕцӕг ӕмбарындзинад. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Йегъовӕйы тыххӕй цы зонын, уымӕ гӕсгӕ цавӕр уынаффӕ хъуамӕ рахӕссон, цӕмӕй мӕ йӕ зӕрдӕ барухс уа?» (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:17.)
10. Библийы уагӕвӕрдтӕ уӕ бинонты ӕмӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн сты?
10 Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй нӕ хатт бахъӕуы, нӕ хиуӕттӕ нӕм кӕй тыххӕй фӕхъыг вӕййынц, ахӕм уынаффӕ рахӕссын. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ чызг смой кӕна, ӕхцахъуаг чи нӕу ӕмӕ ма сын, чи зоны, сӕхицӕн дӕр ӕхцайӕ чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм адӕймагмӕ, кӕд йӕ уырнындзинад афтӕ фидар нӕу, уӕддӕр. Ӕвӕццӕгӕн сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ чызг мацы цух уа. Фӕлӕ чызгӕн йӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Куы йӕм смой кӕнон, уӕд мын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнон?» Цымӕ Йегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы? Дзуапп ссарӕн ис Матфейы 6:33 стихы. Йесо нын бафӕдзӕхста, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад», зӕгъгӕ. Кӕд нӕ ныййарджыты нымайӕм ӕмӕ иннӕты хъуыдыйӕн дӕр аргъ кӕнӕм, уӕддӕр нын ӕппӕты сӕйраг у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын.
ЦЫ ВАРИАНТТӔ ДӔМ ИС, УЫДОНЫЛ ДЗӔБӔХ АХЪУЫДЫ КӔН
11. Цавӕр миниуӕг дын баххуыс кӕндзӕн, куыд бакӕндзынӕ, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ йӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 2:11).
11 Дӕ уавӕрмӕ цы уагӕвӕрдтӕ хауынц, уыдонмӕ ӕркастӕ. Ныр та дӕ хъӕуы, цы варианттӕ дӕм ис, уыдоныл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:11.) Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Афтӕ куы бакӕнон, уӕд куыд уыдзӕн, ӕмӕ мӕнӕ афтӕ куы бакӕнон, уӕд та?» Хатт уынаффӕ рахӕссын ӕнцон вӕййы, хатт та – нӕ. Фӕлӕ нын арфуынындзинад баххуыс кӕндзӕн хорз уынаффӕ рахӕссынӕн, уыимӕ тынг зын уавӕры дӕр.
12, 13. Куыст агургӕйӕ дын арфуынындзинад куыд баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн?
12 Зӕгъӕм, бинонтӕ даринаг дын ис ӕмӕ куыст агурыс. Ӕмӕ дыууӕ куысты разынд. Дыууӕйы тыххӕй дӕр базыдтай, куыстмӕ цы хаудзӕн, куысты график, фӕндагыл дын цас рӕстӕг цӕудзӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дыууӕ куысты дӕр ӕмбӕлы чырыстӕттӕн кусын. Фӕлӕ дзы иу дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы, стӕй дзы фидгӕ дӕр фылдӕр кӕндзысты. Ӕмӕ дӕ фӕнды уыцы куыст равзарын. Фӕлӕ цалынмӕ уынаффӕ рахӕссай, уӕдмӕ ма дӕ хъӕудзӕн ноджыдӕр цӕуылдӕрты ахъуыды кӕнын.
13 Ноджыдӕр ма иу хатт дыууӕ куысты дӕр сбар барӕнтыл барӕгау. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы куысты тыххӕй ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕндзынӕн? Фаг рӕстӕг-иу мын баззайдзӕн, цӕмӕй мӕ бинонтимӕ рӕстӕг ӕрвитон ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн дӕр ӕххуыс кӕнон?» Ахӕм фарстатӕ дын баххуыс кӕндзысты, «ахсджиагдӕр цы у, уый» равзарынӕн (Фил. 1:10а). Ахсджиагдӕр цы у, уымӕ хауынц дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ бинонтӕ, фылдӕр ӕхца бакусын нӕ, фӕлӕ. Уыдӕттӕ дӕ рох куы нӕ уой, уӕд дӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын, ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕр раарфӕ кӕндзӕн.
14. Арфуынындзинад ӕмӕ нын уарзондзинад куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иннӕтӕн цӕлхдур ма суӕм?
14 Арфуынындзинад ма нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ уынаффӕ иннӕтыл куыд фӕзындзӕн, ууыл дӕр, цӕмӕй сын цӕлхдур ма суӕм (Фил. 1:10б). Уый хауы нӕ конд ӕмӕ нӕ уындмӕ ӕмӕ нӕ сӕрыфастмӕ дӕр. Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц цавӕрдӕр уӕлӕдарӕсы кӕнӕ сӕрыфасты стильтӕ. Фӕлӕ цымӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕмӕ ма, чи зоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонмӕ дӕр афтӕ нӕ фӕкӕсдзӕн, ӕмӕ чырыстонӕн не ’мбӕлы ахӕм кондӕй цӕуын? Нӕ зӕгъдзысты, амӕн йӕ сӕр цыхуызӕн у, зӕгъгӕ? Арфуынындзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сын се ’нкъарӕнтыл хъуыды кӕнӕм. Уарзондзинад та нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу хъуыды кӕнӕм «иннӕйы пайдайыл» ӕмӕ цӕмӕй нӕ конд ӕмӕ нӕ уындӕй бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм кӕй стӕм (1 Кор. 10:23, 24, 32; 1 Тим. 2:9, 10). Ӕмӕ уӕд, цы уынаффӕ рахӕсдзыстӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты кӕй уарзӕм ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм.
15. Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын?
15 Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу ахъуыды кӕн, цы уынаффӕ рахӕссинаг дӕ, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн дӕ цы бахъӕудзӕн аразын. Йесо загъта, цыдӕр саразыны размӕ, «йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый... банымайын» кӕй фӕхъӕуы (Лук. 14:28). Уӕдӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, куыд фӕнд кӕнӕм, афтӕ бакӕнынӕн цас рӕстӕг, цас ӕхца бахъӕудзӕн кӕнӕ нӕм уымӕн фаг тыхтӕ уыдзӕн ӕви нӕ. Чи зоны, кӕцыдӕр уавӕрты хорз уаид, дӕ бинонтимӕ дӕр куы бауынаффӕ кӕнис, цӕмӕй базонай, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ бон куыд уыдзӕн баххуыс кӕнын. Хорз цӕмӕн у ӕппӕт уыдӕттыл рагацау ахъуыды кӕнын? Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, бамбарай, цы уынаффӕ рахӕссинаг дӕ, уым цыдӕртӕ фӕивын кӕй хъӕуы кӕнӕ хуыздӕр кӕй уыдзӕн ӕндӕр уынаффӕ рахӕссын. Стӕй дӕ бинонтимӕ куы аныхас кӕнай ӕмӕ, цы хъуыды кӕнынц, уымӕ дӕр куы байхъусай, уӕд дын зӕрдиагдӕрӕй ӕххуыс кӕндзысты. Ӕмӕ уӕд дӕ фӕнд дӕ къухы бафтдзӕн (Ӕмб. 15:22).
УЫНАФФӔ РАХӔСС
16. Раст уынаффӕ рахӕссынӕн дын цавӕр къахдзӕфтӕ баххуыс кӕндзысты? (Кӕс рамкӕ дӕр «Дӕ бон куыд у раст уынаффӕ рахӕссын?».)
16 Кӕд, цы ӕртӕ къахдзӕфыл аныхас кодтам, уыдон сарӕзтай, уӕд цӕттӕ дӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссынмӕ. Уавӕрмӕ цы хауы, уыдӕттӕ базыдтай, Библийы уагӕвӕрдтыл ахъуыды кодтай, ӕмӕ ныр дӕ бон у уынаффӕ рахӕссын. Ӕмӕ уынаффӕ куы рахӕссай, уӕд та-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын раарфӕ кӕна.
17. Раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн дын сӕйраджыдӕр цы ӕххуыс кӕндзӕн?
17 Чи зоны, нырмӕ дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рахастай раст уынаффӕ. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: раст уынаффӕ рахӕссӕн ис нӕхи зонд кӕнӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕ цы зонд дӕтты, уый фӕрцы. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ дӕтты ӕцӕг зонындзинӕдтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ арфуынындзинад. Уыдон та ӕнӕмӕнг хъӕуынц, цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы зондӕй архайа (Ӕмб. 2:1–5). Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕссай, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ (Пс. 23:2, 3).
28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм
a НЫВ. Ӕрыгон хотӕм ӕмӕ ’фсымӕртӕм телефонӕй ӕрбарвыстой, бадтмӕ сӕ кӕй хонынц. Ӕмӕ ууыл ныхас кӕнынц.
b НЫВ. Уыцы ӕфсымӕртӕй иу, цалынмӕ уынаффӕ рахӕсса, уыцы бадтмӕ ацӕуа ӕви нӕ, уӕдмӕ ӕрмӕг иртасы.