Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb23 сентябрь 5 ф.
  • Исчи дӕ куы хынджылӕг кӕна, уӕд дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Исчи дӕ куы хынджылӕг кӕна, уӕд дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Куы мӕ хынджылӕг кӕной, уӕд куыд кӕнон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Скъолайы хыл куы къахой, уӕд мӕхи куыд дарон?
    Ӕрыгӕтты 10 фарстайӕн дзуаппытӕ
  • Мӕ бон цы у саразын, мӕ сывӕллонӕй мын куы хынджылӕг кӕной, уӕд?
    Ӕххуыс бинонтӕн
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
mwb23 сентябрь 5 ф.
Ӕрыгон чызг йӕ ныййарджытӕн йӕ телефоны цыдӕр ӕвдисы ӕмӕ сын цыдӕр дзуры, уыдон та йӕм лӕмбынӕг хъусынц.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Исчи дӕ куы хынджылӕг кӕна, уӕд-иу дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар

Адӕймагӕй ӕдзух исчи куы фӕхынджылӕг кӕны, ома йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы фӕкӕны кӕнӕ ма йӕм къухӕй дӕр куы бавналы, уӕд ын уый маст ӕмӕ рыст ӕрхӕссы. Йӕ дины тыххӕй дзы куы фӕхынджылӕг кӕнынц, уӕд ма уый тыххӕй, гӕнӕн ис, йӕ уырнындзинад дӕр ӕрлӕмӕгъ уа. Ахӕм уавӕры дӕ бон куыд у дӕхи бахъахъхъӕнын?

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй-иу бирӕтӕ се ’фхӕрджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ ныфс дардтой Йегъовӕйыл (Пс 18:17). Зӕгъӕм, Есфир рахъӕр кодта Аманы фыдвӕндтӕ (Есф 7:1–6). Фӕлӕ уал уый размӕ ком дардта. Афтӕмӕй равдыста, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дары (Есф 4:14–16). Гъемӕ йын Йегъовӕ раарфӕ кодта – адӕмы дӕр ӕмӕ йын йӕхи дӕр бахъахъхъӕдта.

Ӕрыгӕттӕ, сымахӕй дӕр исчи куы хынджылӕг кӕна ӕмӕ уӕ куы ӕфхӕра, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс курут ӕмӕ-иу хистӕртӕй искӕимӕ аныхас кӕнут, зӕгъӕм, уӕ ныййарджытимӕ. Йегъовӕ уын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, Есфирӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ. Ноджыдӕр ма уӕ бон цы у саразын?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔЗ ДӔН ӔРЫГОН: ХЪӔУЫ МӔ ӔХХУЫС. ХЫЛКЪАХДЖЫТЫ НЫХМӔ ФИДАР КУЫД ФӔЛӔУУОН?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Чарли ӕмӕ Ферин цы радзырдтой, уый ӕрыгӕттӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

  • Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, исчи сӕ куы хынджылӕг кӕна, уӕд?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын