Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ypq 5 фарста, 15–17 фф.
  • Скъолайы хыл куы къахой, уӕд мӕхи куыд дарон?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Скъолайы хыл куы къахой, уӕд мӕхи куыд дарон?
  • Ӕрыгӕтты 10 фарстайӕн дзуаппытӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Куы мӕ хынджылӕг кӕной, уӕд куыд кӕнон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Мӕ бон цы у саразын, мӕ сывӕллонӕй мын куы хынджылӕг кӕной, уӕд?
    Ӕххуыс бинонтӕн
  • Исчи дӕ куы хынджылӕг кӕна, уӕд дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Ӕрыгӕтты 10 фарстайӕн дзуаппытӕ
ypq 5 фарста, 15–17 фф.
Иу лӕппу иннӕмӕй се ’мкъласӕгты раз хынджылӕг кӕны

5 ФАРСТА

Скъолайы исчи хыл куы къаха, уӕд мӕхи куыд дарон?

УЫЙ ЗОНЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

Дӕхи куыд дарай, уымӕй кӕнгӕ у, хабар дарддӕр куыд рауайдзӕн, уый.

ДЫ КУЫД БАКӔНИС?

Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн. Томасы нӕ фӕнды абон скъоламӕ цӕуын. Хабар райдыдта ӕртӕ мӕйы размӕ. Йе ’мкъласӕгтӕ дзы алы ӕвзӕртӕ фӕдзырдтой. Худӕг ном дӕр ма йыл сӕвӕрдтой. Хатгай йын йӕ къухӕй йӕ чингуытӕ атъӕпп кӕнынц, ӕмӕ сӕхи ницы уынӕг скӕнынц. Иуӕй-иу хатт та йӕ фӕстейӕ бацӕвынц, ӕмӕ, фӕстӕмӕ куы акӕсы, уӕд, чи уыди, уый бӕрӕг нӕ вӕййы. Знон та йӕм чидӕр СМС ныффыста, райсом-ма-иу дӕхимӕ кӕс, зӕгъгӕ...

Томасы бынаты ды куыд бакӕнис?

ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!

Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дӕ бон бынтондӕр ницы у. Дӕ бон у, ӕмӕ хылкъахджыты ныхмӕ фӕлӕууай, хыл ма кӕнай, афтӕмӕй. Куыд?

  • МАЦӔМӔ СӔ ДАР. Библийы фыст ис: «Ӕнӕзонд йӕ маст иууылдӕр ныккалы, зондджын та йӕ маст кӕронмӕ уромы» (Ӕмбисӕндтӕ 29:11). Дӕхиуыл хӕцын куы зонай кӕнӕ, кӕй мӕсты кӕныс, уый куы не ’вдисай, уӕд дӕ чи хынджылӕг кӕны, уыдон дӕ иу ран ныууадздзысты.

  • ДӔ МАСТ МА ИС. Библийы фыст ис: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут» (Ромӕгтӕм 12:17). Дӕ маст сӕ куы исай, уӕд хъуыддаг фӕфыддӕр кӕндзынӕ.

  • АРФУЫНӔГ У. Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Гӕнӕн уӕвгӕйӕ дӕхи хиз ӕвзӕр адӕмӕй ӕмӕ дӕ хынджылӕг кӕм кӕндзысты, ахӕм бынӕттӕй.

  • КӔМӔ НЕ ’НХЪӔЛМӔ КӔСЫНЦ, АХӔМ ДЗУАПП-ИУ РАТТ. Библийы фыст ис: «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 15:1). Суанг ма дӕ бон у, ӕмӕ сын хъазгӕйӕ дӕр дзуапп раттай. Зӕгъӕм, кӕд дӕ исчи хынджылӕг кӕны, нард дӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын дӕ бон у хъазгӕйӕ зӕгъын: «О, ис ӕм дзы».

  • АЦУ-ИУ. 19-аздзыд Норӕ зӕгъы: «Куы ницы сдзурай ӕмӕ-иу куы ацӕуай, уӕд дӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмбаргӕ адӕймаг кӕй дӕ ӕмӕ дӕ чи ’фхӕры, уымӕй бирӕ тыхджындӕр кӕй дӕ. Стӕй ма бӕрӕг уыдзӕн, чи дӕ ӕфхӕры, уымӕй уӕлдай дӕ бон кӕй у дӕхиуыл хӕцын» (2 Тимофеймӕ 2:24).

  • НЫФСДЖЫНДӔР У. Хыл чи фӕкъахы, уыдон уайтагъддӕр базонынц, ӕнӕныфсхаст чи у ӕмӕ фӕстӕмӕ чи не сдзурдзӕн, ахӕмты. Фӕлӕ сӕ дӕ сӕрыл сбадын кӕй нӕ бауадздзынӕ, уый куы бамбарой, уӕд дӕ ныууадздзысты.

  • ИСКӔМӔН ӔЙ РАДЗУР. Раздӕр ахуыргӕнӕгӕй чи куыста, иу ахӕм адӕймаг загъта: «Скъолайы кӕй фефхӕрынц, уыдон-иу алцыдӕр искӕмӕн куы радзурой, уӕд афтӕмӕй иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзысты».

Ӕрыгон лӕппуйӕ чидӕр хынджылӕг кӕны, фӕлӕ уый нӕ тӕрсы

Ныфсхаст куы уай, уӕд дӕм уыдзӕн, хылкъахджытӕм чи нӕй, ахӕм хъару

ЗЫДТАЙ ЙӔ?

Хылкъахджытӕ ма ноджыдӕр цы фӕаразынц

  • Иннӕтӕй чи хынджылӕг кӕны, уымӕн йӕ дзыхӕй арты ӕвзӕгтӕ цӕуы

    Адӕймагӕн фидистӕ фӕкӕнынц. «Никуы мӕ ферох уыдзӕн, цытӕ мӕ хуыдтой ӕмӕ мӕ цытӕ дзырдтой, уый. Уый тыххӕй-иу мӕхимӕ ницӕйаг ӕркастӕн. Афтӕ-иу мӕм каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын ӕмӕ ницӕмӕн бӕззын. Фӕлтау-иу мӕ нӕмгӕ куы фӕкодтаиккой» (Селин, 20 азы).

  • Ӕрыгон лӕппуимӕ ничи ныхас кӕны, ӕмӕ иунӕгӕй бады

    Адӕймаджы ницӕмӕ фӕдарынц. «Ме ’мкъласӕгтӕ сӕхи афтӕ дардтой, цыма мӕ уынгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Хӕрӕндонмӕ-иу куы бацыдтӕн, уӕд-иу мын барӕй сӕ фарсмӕ бынат нал ныууагътой. Ӕнӕхъӕн аз иунӕгӕй хордтон ӕмӕ мӕхи цӕссыгӕй ӕхсадтон» (Хейли, 18 азы).

  • Ӕрыгон чызг компьютерӕй йӕхи иуварс айста, уымӕн ӕмӕ дзы чидӕр компьютерӕй хынджылӕг кӕны

    Адӕймаджы тыххӕй интернеты ӕвзӕр цыдӕртӕ фӕфыссынц. «Кӕйдӕр ном фӕчъизи кӕнынӕн ӕмӕ суанг кӕйдӕр цард фехалынӕн дӕр фаг у цалдӕр кънопкӕйыл ныххӕцын. Уый, чи зоны, кӕйдӕрты ма бауырна, фӕлӕ афтӕ у!» (Даниель, 14 азы).

ТЕСТ

РАСТ У ӔВИ НӔУ

ДЗУАППЫТӔ

1 Адӕм кӕрӕдзийӕ мин азты дӕргъы хынджылӕг кӕнынц.

1 Раст у. Зӕгъӕм, Библийы ис уӕйыг адӕмы кой, хуындысты нефилимтӕ. Уыцы дзырд нысан кӕны, «иннӕты чи сфӕлдахы, уыдон» (Райдиан 6:4).

2 Иу иннӕмӕй хынджылӕг кӕна, уым ахӕм ницы ис.

2 Раст нӕу. Кӕмӕй фӕхынджылӕг кӕнынц, уыдонӕй бирӕтӕ сӕхи маргӕ дӕр акӕнынц.

3 Цӕмӕй дӕ ма хынджылӕг кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнцад ма лӕууай.

3 Раст нӕу. Хылкъахджытӕ, хынджылӕг кӕмӕй фӕкӕнынц, уыдонӕй тыхджындӕр вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕ дӕ маст исай, уый хорзӕй ницы ӕрхӕсдзӕн.

4 Иу иннӕмӕй куы хынджылӕг кӕна, уӕд-иу хъуамӕ дӕхи ницыуынӕг скӕнай.

4 Раст нӕу. Кӕмӕйдӕр куыд хынджылӕг кӕнынц, уымӕ ӕнцад кӕсӕн нӕй. Ахӕм цыдӕр куы фенай ӕмӕ куы ницы зӕгъай, уӕд дзы дӕ аххос дӕр уыдзӕн.

5 Иннӕтӕй чи фӕхынджылӕг кӕны, уыдон ӕнӕныфсхаст вӕййынц.

5 Раст у. Кӕд сӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл вӕййынц, уӕддӕр сӕ фылдӕр ӕнӕныфсхаст вӕййынц. Ӕмӕ сын цӕмӕй сӕхи цӕсты фылдӕр кад уа, уый тыххӕй иннӕтӕй фӕхынджылӕг кӕнынц.

6 Хыл чи фӕкъахы, уыдон фӕивынц.

6 Раст у. Исчи сын куы баххуыс кӕна, уӕд, чи зоны, сӕ зондахаст фӕива, ӕмӕ сӕхи афтӕ мауал дарой.

КУЫД БАКӔНДЗЫНӔ?

  • Исчи мӕ куы хынджылӕг кӕна, уӕд ын цы зӕгъдзынӕн кӕнӕ куыд бакӕндзынӕн?

ФЫЛДӔР БАЗОН

Хылкъахджыты ныхмӕ фидар фӕлӕуу, хыл ма кӕн, афтӕмӕй

Бакӕс видеороликмӕ «Хылкъахджыты ныхмӕ фидар фӕлӕуу, хыл ма кӕн, афтӕмӕй!»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын