Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb23 сентябрь 11 ф.
  • «Йегъовӕ... ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Йегъовӕ... ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны»
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Махӕн «хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Йегъовӕ дын зын рӕстӕджыты ӕххуыс кӕндзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
mwb23 сентябрь 11 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Йегъовӕ... ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны»

Не ’ппӕт дӕр хатт цӕйдӕр тыххӕй ӕрӕнкъард вӕййӕм. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Суанг ма Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ цӕуылдӕрты фӕриссы (Рд 6:5, 6). Фӕлӕ кӕд дӕхимӕ арӕх ныхъхъусыс кӕнӕ ӕдзух ӕнкъард вӕййыс, уӕд дӕ бон цы у саразын?

Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Йегъовӕ нын не ’нкъарӕнтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Уый фӕуыны, хъӕлдзӕг кӕнӕ ӕнкъард куы вӕййӕм. Фӕзоны, цавӕрдӕр хъуыдытӕ ӕмӕ нӕм ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн вӕййы, уый (Пс 7:9б). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ уарзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тох кӕнӕм ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ ӕмӕ ма суанг депрессиимӕ дӕр (Пс 34:18).

Дӕ зонд хъахъхъӕн. Ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд уый фӕзыны, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм нӕ хъуыдытӕм, ӕмӕ-иу нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм (Ӕм 4:23).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТӔН СӔ ЗӔРДӔТЫ ИС ФАРН, КӔД ДЕПРЕССИИМӔ ТОХ КӔНЫНЦ, УӔДДӔР» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Никкийӕн цы баххуыс кодта депрессиимӕ тох кӕнынӕн?

  • Никки цӕмӕн сфӕнд кодта дохтырмӕ ацӕуын? (Мф 9:12)

  • Никки йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (2023 аз, № 1). Темӕ «Психикӕимӕ баст низтӕ. Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн».

2023 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1-аг номыр дӕ зонгӕтӕй искӕмӕн фӕпайда уаид?

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа?

(Фӕнысан кӕн, фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы фӕнды, уый.)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын