Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp21 № 3 4–5 фф.
  • Дӕ фидӕн цӕмӕй кӕнгӕ у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ фидӕн цӕмӕй кӕнгӕ у?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БИРӔТӔ ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫНЦ?
  • ИУӔЙ-ИУТӔН СӔ ХАБАР КУЫД РАУАД?
  • Алчидӕр бӕллы амондджын фидӕнмӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Хорз адӕймаг уай, уый фаг у, цӕмӕй рухс фидӕн фенай?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Рухс фидӕн уӕлдӕр ахуырадӕй ӕмӕ ӕхцайӕ кӕнгӕ у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
wp21 № 3 4–5 фф.
Нывтӕ: 1. Дӕсныфӕрсӕг къамтӕй адӕймагӕн дӕсны фӕрсы. 2. Фэншуйы компас ӕмӕ хӕдзары пълан. 3. Сылгоймаг, чи йын амард, уыцы фыдӕлы къамы раз ӕрӕвӕрдта хӕринӕгтӕ, дидинджытӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ

Дӕ фидӕн цӕмӕй кӕнгӕ у?

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ фидӕн цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ тыхтӕй кӕнгӕ у. Уымӕ гӕсгӕ цыдӕртӕ фӕаразынц, цӕмӕй сӕм амонд бахуда ӕмӕ сӕ цард фӕхуыздӕр уа.

БИРӔТӔ ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫНЦ?

АСТРОЛОГИ. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ фидӕн кӕнгӕ у, йӕ райгуырды рӕстӕг стъалытӕ цы бынӕтты уыдысты, уымӕй. Уыдон фӕкӕсынц гороскоптӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕфӕнды базонын, фыдбылызӕй сӕхи цӕй фӕрцы бахиздзысты ӕмӕ ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзысты.

КЪАМТӔЙ ФӔРСЫН. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та, къамтӕй чи фӕрсы, уыдонӕн сӕ бон у базонын, цавӕрдӕр хабӕрттӕ сыл цӕмӕн ӕрцыд, стӕй сын дарддӕр цы кӕнгӕ у, цӕмӕй ӕнтыстджын уой ӕмӕ сын зиан чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм хабӕрттӕй сӕхи бахизой.

ФЫДӔЛТӔН КУВЫН. Иннӕтӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ хъуамӕ сӕ фыдӕлты ӕмӕ алыхуызон хуыцӕутты хорзӕх ссарой, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕной ӕмӕ сын арфӕ кӕной. Ванa цӕры Вьетнамы. Уый загъта: «Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ фыдӕлтӕн куы кувон, уӕд мын абон хорз цард уыдзӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ дӕр рухс фидӕн фендзыстӕм».

РЕИНКАРНАЦИ. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд та ногӕй райгуыры, ӕмӕ афтӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы царды сыл хорзӕй кӕнӕ ӕвзӕрӕй цы ’рцӕуы, уый баст вӕййы, раздӕры царды цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыимӕ.

Кӕд бирӕтӕ афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ уыдӕттыл не ’ууӕндынц, уӕддӕр фӕкӕсынц гороскоптӕ кӕнӕ та ацӕуынц дӕсныфӕрсджытӕм, армытъӕпӕны хӕххытӕ чи февзары, йе та мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ. Ныфс сӕ вӕййы, уыдӕтты фӕрцы сӕ бон кӕй уыдзӕн сӕ фидӕн базонын.

ИУӔЙ-ИУТӔН СӔ ХАБАР КУЫД РАУАД?

Ацы хъуыддӕгтыл чи ӕууӕнды ӕмӕ сӕ чи аразы, уыдонӕн цымӕ сӕ къухы бафтыд, цы фидӕнмӕ бӕллыдысты, уый?

Ӕркӕсӕм Хаойы хабармӕ. Уый цӕры Вьетнамы. Хао пайда кодта астрологийӕ, йӕ фыдӕлтӕн куывта ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ кодта, цӕмӕй йӕ цард хорз цыдаид. Цымӕ йын исты ӕххуыс фесты? Хао загъта: «Ӕнӕ бизнесӕй баззадтӕн, хӕсты бын фӕдӕн, мӕ бинонтимӕ кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстам. Ӕмӕ уый тыххӕй уыдтӕн ныфссаст».

Цюмин у Тайванӕй. Уый дӕр ӕууӕндыд астрологийыл, реинкарнацийыл ӕмӕ, алцыдӕр амондӕй кӕнгӕ кӕй у, ууыл. Стӕй куывта йӕ фыдӕлтӕн. Фӕлӕ ацы хъуыддӕгтӕ лӕмбынӕг куы раиртӕста, уӕд загъта: «Ӕз ӕй бамбӕрстон, ахӕм ахуырӕдтӕ кӕрӕдзийыл кӕй нӕ бадынц ӕмӕ сайд йеддӕмӕ кӕй ницы сты. Бамбӕрстон ӕй, астрологтӕ цы фӕзӕгъынц, уый арӕх кӕй нӕ сӕххӕст вӕййы. Реинкарнацийыл дӕр нал ӕууӕндын. Кӕд дӕ раздӕры цард нӕ хъуыды кӕныс, уӕд дӕ бон куыд у дӕ иннӕ царды исты фӕивын, цӕмӕй ӕнтыстджындӕр уай?

«Ӕз ӕй бамбӕрстон, ахӕм ахуырӕдтӕ кӕрӕдзийыл кӕй нӕ бадынц ӕмӕ сайд йеддӕмӕ кӕй ницы сты» (ЦЮМИН, ТАЙВАНЬ)

Хао, Цюмин ӕмӕ ма бирӕтӕ бамбӕрстой, сӕ фидӕн амондӕй, стъалытӕй, реинкарнацийӕ ӕмӕ, сӕ фыдӕлтӕн кувдзысты ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ кӕй нӕу. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ фидӕныл нӕ бар ӕппындӕр нӕ цӕуы?

ЦЫ УЫНАФФӔТӔ ФӔХӔССӔМ, УЫДОНӔЙ БИРӔ КӔНГӔ У

Цы хабӕрттӕ ныл ӕрцӕуы, уыдонӕй бирӕтыл нӕ бар нӕ фӕцӕуы. Фӕлӕ йӕ нӕхӕдӕг фенӕм, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон нӕ сомбоныл тынг кӕй фӕзынынц. Ахъуыды-ма кӕнӕм, исты хӕцгӕ низ (зӕгъӕм, коронавирус) куы апарахат вӕййы, уӕд нӕ къухтӕ цӕмӕн фехсӕм ӕмӕ маскӕтӕ цӕмӕн фӕдарӕм? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй нӕ цард хъахъхъӕнӕм. Уӕдӕ нӕ уынаффӕтӕй бирӕ кӕнгӕ у.

Зондджын уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд уый нӕ пайдайӕн уыдзӕн. Иу-2 000 азы размӕ иу зондджын ахуыргӕнӕг уый фӕдыл афтӕ загъта: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн»b.

Бирӕты фӕфӕнды уӕлдӕр ахуырад райсын ӕмӕ бирӕ ӕхца бакусын, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕд фидӕны амондджын уыдзысты. Фӕлӕ цымӕ уый сӕ къухы бафты?

a Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяты иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

b Ацы ныхӕстӕ фыст сты Библийы, Галатӕгтӕм 6:7 стихы. Скӕсӕны чи цӕры, уыцы адӕммӕ дӕр ис ахӕм ӕмбисӕндтӕ. Сӕ иу у ахӕм: «Харбыз куы ныссадзай, уӕд ӕрзайдзӕн харбыз, хъӕдур куы ныссадзай, уӕд та – хъӕдур».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын