БИОГРАФИ
«Ныр мӕм мӕ лӕггадӕй хуыздӕр ницы кӕсы!»
ӔЗ СХЪОМЫЛ дӕн Ног Зеландийы, Хуссар сакъадахыл, гыццыл горӕт Балклутӕйы. Гыццылӕй Йегъовӕйы тынг уарзтон. Стӕй уарзтон хъусын кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Ӕмбырд мын хи хӕдзары ад кодта. Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг уыдтӕн, уӕддӕр-иу алы къуыри дӕр хъусын кӕнынмӕ цыдтӕн, стӕй-иу хорз хабар мӕ къласӕгтӕн дӕр дзырдтон. Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтон, уымӕй сӕрыстыр уыдтӕн. Ӕмӕ мыл 11 азы куы цыд, уӕд ын мӕ цард снывонд кодтон.
МӔ ЦИНДЗИНАД ӔРМЫНӔГ
13 азы бӕрц мыл куы цыди, уӕд Йегъовӕйӕ дард кӕнын райдыдтон. Мӕ къласӕгтӕ цардысты, сӕхи куыддӕриддӕр фӕндыд, афтӕ, ӕмӕ мӕн дӕр фӕндыд, цӕмӕй мын фылдӕр сӕрибардзинад уыдаид. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мын мӕ ныййарджыты уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Библийы закъӕттӕ мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ къӕхтӕ бӕттынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын тынг зын у. Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ууыл никуы дызӕрдыг кодтон, фӕлӕ мӕ уырнындзинад тынг ӕрлӕмӕгъ.
Кӕд-иу уацамынды ацыдтӕн, уӕддӕр искуы иу хатт. Мӕхи-иу нӕ бацӕттӕ кодтон, ӕмӕ-иу мын искӕимӕ ныхас кӕнын райдайын кӕнӕ ныхас адарддӕр кӕнын зын уыди. Уый тыххӕй мын хъусын кӕныны хъуыддаджы ницыуал ӕнтыст ӕмӕ мын циндзинад нал хаста. Хъусын кӕнын мӕ ӕппындӕр нал фӕндыд. Хъуыды-иу кодтон, зӕгъын, уыцы зын хъуыддаг мӕйӕ-мӕймӕ куыд ис аразӕн.
17 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд мӕ бафӕндыд, мӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрын. Гъемӕ мӕ дзаумӕттӕ сӕмбырд кодтон ӕмӕ Австралимӕ ацыдтӕн. Уый мӕ ныййарджытӕн тынг зын уыд. Мӕт мыл кодтой, фӕлӕ сӕ ныфс уыд, Австралийы дарддӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕн.
Австралийы мӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр ӕрлӕмӕгъ. Ӕмбырдтӕ-иу арӕх фӕцух кодтон. Ӕмбырды кӕимӕ лымӕн кодтон, уыдон дӕр-иу мӕнау иу изӕр ӕмбырдмӕ ацыдысты, иннӕ изӕр та-иу ацыдысты ӕхсӕвыгон клубтӕм нуазынмӕ ӕмӕ кафынмӕ. Ныр ӕй ӕмбарын, иу къахӕй рӕстдзинады фӕндагыл кӕй лӕууыдтӕн, мӕ иннӕ къах та ацы дунейы кӕй уыд. Фӕлӕ нӕдӕр ӕмбырды уыдтӕн амондджын, нӕдӕр ацы дунейы.
ИУ ХО МЫН БАХХУЫС КОДТА
Иу-дыууӕ азы фӕстӕ базонгӕ дӕн иу хоимӕ. Уый уыди районон цӕстдарӕджы бинойнаг. Хуынди Тамарӕ. Тамарӕ йӕ йӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта, кӕй мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ цардыл ахъуыды кодтаин. Ӕз цардтӕн цыппар ӕрыгон хоимӕ, ӕмӕ Тамарӕйы йӕ лӕгимӕ иу къуыри суазӕг кодтам. Йӕ лӕг-иу ӕмбырды хъуыддӕгтӕ куы арӕзта, уӕд-иу Тамарӕ та немӕ рӕстӕг ӕрвыста. Фӕныхӕстӕ-иу кодтам, фӕхудтыстӕм-иу. Ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Тамарӕ хуымӕтӕг адӕймаг уыд. Уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ ахӕм фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ дӕр афтӕ хъӕлдзӕг вӕййынц.
Тамарӕ рӕстдзинад тынг уарзта. Стӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта. Уый Йегъовӕйӕн лӕвӕрдта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый. Мӕнӕй та афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд. Тамарӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кодта, ӕмӕ бӕрӕг уыд, амондджын кӕй уыд, ӕмӕ мыл уый тынг фӕзынд. Ӕз бамбӕрстон иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Пс. 100:2).
МӔ ЗӔРДӔЙЫ ЗЫНГ ТА ССЫГЪД
Мӕн фӕндыди, цӕмӕй ӕз дӕр Тамарӕйау Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаин. Фӕлӕ мӕ хъуыди бирӕ цыдӕртӕ аивын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мӕ къухы уайтагъд нӕ бафтыд. Райдыдтон гыццыл цӕмӕйдӕрты. Мӕхи-иу хъусын кӕнынмӕ бацӕттӕ кодтон. Стӕй-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кодтон. Уый фӕрцы уацамынды фӕныфсджындӕр дӕн ӕмӕ-иу афтӕ нал тыхстӕн. Уацамынды Библийӕ арӕхдӕр пайда кӕнын райдыдтон, ӕмӕ мын мӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕссын райдыдта. Гыццыл фӕстӕдӕр та аскъуыддзаг кодтон, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй алы мӕй дӕр кӕй лӕггад кӕндзынӕн.
Ӕмбырды балымӕн дӕн алы кары хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Уыдон рӕстдзинад тынг уарзтой ӕмӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой. Сӕ цӕвиттонтӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй ахъуыды кодтаин, царды мын сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа, ууыл, стӕй алы бон дӕр Библи кӕсын райдыдтаин. Мӕ циныл цин ӕфтыд, ӕмӕ райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Афтӕ амондджын рагӕй нал уыдтӕн, ӕмӕ та мын ӕмбырд хи хӕдзары ад скодта.
ФӔЗЫНД МЫН ХОРЗ ӔМБАЛ
Иу азы фӕстӕ базонгӕ дӕн иу дзӕбӕх ӕфсымӕримӕ, Алексимӕ. Уый Йегъовӕйы тынг уарзта, стӕй уарзта хъусын кӕнын. Алекс уыди кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, стӕй ӕхсӕз азы лӕггад кодта пионерӕй. Иуцасдӕр лӕггад кодта Малавийы дӕр, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уым. Уым базонгӕ миссионертимӕ ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Уыдон ӕй баразӕнгард кодтой, цӕмӕй йын Хуыцауы хъуыддаг дарддӕр дӕр фыццаг бынаты уыдаид.
2003 азы Алексимӕ нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ иумӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм ӕмӕ нӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.
ЙЕГЪОВӔ НЫН НОДЖЫДӔР РААРФӔ КОДТА
Хъусын кӕнын горӕт Гленуйы (Скӕсӕн Тимор)
2009 азы нӕ снысан кодтой миссионертӕй Скӕсӕн Тимормӕ. Уый у гыццыл бӕстӕ. Ис Индонезийы сакъадӕхтӕй сӕ иуыл. Дис дӕр кодтам, цин дӕр кодтам ӕмӕ тыхсгӕ дӕр кодтам. Фондз мӕйы фӕстӕ ӕрцыдыстӕм Дилимӕ, бӕстӕйы сӕйраг горӕтмӕ.
Нӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Ног бынаты алцыдӕр уыди ӕндӕрхуызон: культурӕ, ӕвзаг, царды уавӕртӕ ӕмӕ хӕринӕгтӕ. Уацамынды-иу арӕх фембӕлдыстӕм мӕгуыр, ӕнахуыргонд ӕмӕ ’фхӕрд адӕмыл. Хӕсты рӕстӕг дзы бирӕтӕ фӕсахъат сты, стӕй уыдысты зӕрдӕрыстa.
Скӕсӕн Тиморы куыд лӕггад кодтам, уый ферох кӕнӕн нӕй! Зӕгъӕм, иухатт сӕмбӕлдтӕн иу 13-аздзыд чызгыл. Йӕ мад цалдӕр азы размӕ амард. Ӕмӕ йӕ фыды дӕр арӕх нӕ уыдта. Йе ’мгӕрттау уыцы чызг дӕр нӕ зыдта, царды цы равзара, уый. Хъуыды йӕ кӕнын, иухатт мын, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ дзургӕйӕ куыд куыдта, уый. Фӕлӕ сын уӕд се ’взаг хорз нӕма зыдтон, ӕмӕ не ’мбӕрстон, цы мын дзырдта, уый. Ӕз Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид, ӕмӕ йӕ мӕ бон бафидар кӕнын уыдаид. Уый фӕстӕ йын бакастӕн, йӕ ныфсыл ын ныфс чи бафтыдтаид, ахӕм стихтӕ. Цалдӕр азы дӕргъы уыдтон, уыцы чызгӕн рӕстдзинад йӕ цард куыд ивы. Йӕ конд ӕмӕ йӕ уынд дӕр фӕивта. Уый сси амондджын адӕймаг. Ӕппынфӕстаг донаргъуыд райста. Ныр йӕхӕдӕг дӕр кӕимӕдӕрты Библи ахуыр кӕны, стӕй йын ис, бирӕ йӕ чи уарзы, ахӕм стыр бинонтӕ.
Йегъовӕ арфӕ кӕны хъусын кӕныны хъуыддагӕн Скӕсӕн Тиморы. Кӕд дзы хъусынгӕнджытӕн сӕ фылдӕр донаргъуыд фӕстаг дӕс азы дӕргъы райстой, уӕддӕр сӕ бирӕтӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Чидӕртӕ та дзы лӕггад кӕнынц тӕлмацгӕнджыты офисы ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй бынӕттон ӕвзӕгтыл уырнындзинад фидаргӕнӕн публикацитӕ цӕуа. Уым ма куы уыдыстӕм, уӕд-иу мын тынг ӕхсызгон уыди, ӕмбырдты куыд зарынц, уый хъусын, стӕй куыд цин кӕнынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны, уый уынын.
Алексимӕ цӕуӕм, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауы, уыцы территоримӕ, цӕмӕй адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхонӕм
УЫМӔЙ ХУЫЗДӔР ЦАРДӔН СКӔНӔН НӔ УЫД!
Скӕсӕн Тиморы нӕ цард тынг хицӕн кодта, Австралийы куыд цардыстӕм, уымӕй. Фӕлӕ уымӕй хуыздӕр цардӕн скӕнӕн нӕ уыд! Хатт-иу цыдыстӕм гыццыл автобусы ӕмӕ-иу адӕмӕй уыди йӕ тӕккӕ дзаг. Ӕмӕ-иу базарӕй чи хус кӕсаг ласта, чи – халсартӕ. Иуӕй-иу хатт-иу Библийы ахуыртӕ уагътам гыццыл хӕдзӕртты. Мидӕгӕй-иу дзы тынг тӕвд уыди, ӕмӕ-иу нӕ хид цъыкк-цъыкк кодта. Стӕй-иу уыдысты зӕхбын хӕдзӕрттӕ ӕмӕ-иу кӕрчытӕ нӕ алыварс ратӕх-батӕх кодтой. Фӕлӕ-иу арӕх ахъуыды кодтон: «Ай диссаджы цард у!»
Цӕуӕм хъусын кӕнынмӕ
Мӕ ныййарджытӕй тынг бузныг дӕн, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй архайдтой, цӕмӕй мӕ Йегъовӕйы фӕндагыл сӕвӕрдтаиккой. Уыдон мын алкӕддӕр ӕххуыс кодтой. Ӕрыгонӕй Йегъовӕйӕ куы адард дӕн, уӕд дӕр мӕ нӕ ныууагътой. Ӕмбисӕндты 22:6 стихы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый мӕхиуыл бавзӕрстон. Мӕ мад дӕр ӕмӕ мӕ фыд дӕр тынг цин кӕнынц, Алексимӕ Йегъовӕйӕн афтӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, ууыл. 2016 азӕй фӕстӕмӕ Алекс лӕггад кӕны районон цӕстдарӕгӕй, Австралазийы филиалмӕ чи хауы, уыцы территорийы.
Скӕсӕн Тиморы сывӕллӕттӕн ӕвдисын нӕ мультфильмтӕй иу
Уырнгӕ дӕр мӕ нӕ кӕны, кӕддӕр хъусын кӕнын кӕй нӕ уарзтон. Ныр мӕм мӕ лӕггадӕй хуыздӕр ницы кӕсы! Ӕз ӕй бамбӕрстон, царды цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр адӕймаг ӕцӕг амондджын кӕй вӕййы, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы фӕлӕггад кӕны, уӕд. Алексимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм 18 азы, ӕмӕ уыдон сты мӕ царды хуыздӕр азтӕ. Ӕмӕ ныр хорз ӕмбарын, псаломзарӕггӕнӕг Давид Йегъовӕйӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Йӕхи де уазӕг чи бакодта, уыдон... цин кӕндзысты. Уыдон ӕнустӕм фырцинӕй зардзысты. ...Ӕмӕ дын дӕ ном чи уарзы, уыдонӕн уыдзынӕ се стыр цин» (Пс. 5:11).
Сӕрныллӕг адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын тынг ӕхсызгон у!
a 1975 азӕй Скӕсӕн Тиморы 20 азӕй фылдӕр цыди хӕст. Адӕм тох кодтой хӕдбардзинадыл.