Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp22 № 1 8–9 фф.
  • 2 | Дӕ маст макӕмӕй ис

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 2 | Дӕ маст макӕмӕй ис
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библийы уагӕвӕрд:
  • Уый цӕуыл дзурӕг у?
  • Дӕ бон цы у аразын?
  • Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕны...
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй йедзаг ӕмӕ уыдтӕн тынг мӕстыгӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йе сӕфт макӕмӕйуал уына!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
wp22 № 1 8–9 фф.
Дыууӕ мӕсты нӕлгоймаджы иу бӕласыл кӕрӕдзийы акомкоммӕ бадынц. Алчидӕр сӕ, цы къалиуыл бады, уый хырхы

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДЕ СӔФТ МАКӔМӔЙУАЛ УЫНАЙ?

2 | Дӕ маст макӕмӕй ис

Библийы уагӕвӕрд:

«Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут [...] Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. ...Уӕ маст макӕмӕй исут. ...Уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (РОМӔГТӔМ 12:17–19).

Уый цӕуыл дзурӕг у?

Адӕймагӕн исчи ӕвзӕрӕй исты куы ракӕны, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рамӕсты вӕййы. Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ маст искӕмӕй исӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй алцыдӕр йӕ бар бакӕнӕм. Уый хъуыддӕгтӕ иууылдӕр тагъд сраст кӕндзӕн (Псалом 37:7, 10).

Дӕ бон цы у аразын?

Адӕймаг искӕмӕй йӕ маст куы райсы, уӕд ноджы тынгдӕр сызнаг вӕййынц. Уӕдӕ дӕ исчи куы фӕхъыг кӕна кӕнӕ дын ӕвзӕрӕй исты куы сараза, уӕд-иу ды ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй ма фид. Дӕхиуыл-иу фӕхӕц, дӕ маст-иу бауром ӕмӕ-иу бацархай хъуыддаг сабырӕй банывыл кӕныныл (Ӕмбисӕндтӕ 19:11). Иуӕй-иухатт хуыздӕр вӕййы, цы ӕрцыд, уый ферох кӕнын. Фӕлӕ цы ӕрцыд, уый исты фыдракӕнд куы уа, уӕд дӕ бон у фӕхабар кӕнын пъӕлицӕйӕн кӕнӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕй искӕмӕн.

Иннӕмӕй йӕ маст чи исы, уый йӕхи сафы

Кӕд, дӕ бон цы у, уый сарӕзтай, цӕмӕй хъуыддаг сабырӕй банывыл кӕнай, фӕлӕ дзы ницы уайы, уӕд та? Уӕд дӕр адӕймагӕй дӕ маст ма ис. Уымӕн ӕмӕ афтӕ куы бакӕнай, уӕд уавӕр фыддӕр цы фӕуа, ӕндӕр ницы. Ды бацархай, цӕмӕй йӕм знаджы цӕстӕй ма кӕсай. Уыцы хабар Йегъовӕйы бар бакӕн. «Дӕ зӕрдӕ йыл дар, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг архайдзӕн» (Псалом 37:3–5).

Кӕйдӕр цардӕй. АДРИАН

Йӕ маст никӕмӕйуал исы

Адриан

Адриан ӕрыгонӕй сси ӕгъатыр, ӕдзух-иу хылтӕ кодта. Кӕимӕ-иу фӕхыл сты, уыдонимӕ-иу арӕх кӕрӕдзи ӕхсгӕ дӕр фӕкодтой. Цалдӕр хатты йӕ тугӕйдзӕгтӕй уынджы ӕрдӕгмардӕй ныууагътой.

Адрианыл 16 азы куы цыд, уӕд райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Уый загъта: «Библи цас фылдӕр ахуыр кодтон, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрстон, мӕ удыхъӕд мӕ аивын кӕй хъӕуы». Хъуыди йӕ бацархайын, цӕмӕй йе сӕфт макӕмӕйуал уыдтаид ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ мауал кодтаид. Уӕлдай тынг ын баххуыс кодтой Ромӕгтӕм 12:17–19 стихты фыст ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «уӕ маст макӕмӕй исут». Адриан загъта: «Бамбӕрстон, алцыдӕр Йегъовӕйы къухмӕ раттын кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уый хуыздӕр зоны, растдӕр куыд у бакӕнын ӕмӕ уый кӕд бакӕнын хъӕуы. Гыццылгай-гыццылгай мӕ раздӕры митӕ ныууагътон».

Иу изӕр Адриан хӕдзармӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд ыл цалдӕр лӕппуйы амбырд сты. Уыдон уыдысты, кӕддӕр йӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы бандӕйӕ. Сӕ хистӕр ын йӕ фӕсонтӕ ныццавта, фӕндыди йӕ хыл ракъахын. Адриан загъта, йӕхи тыххӕй кӕй урӕдта, фӕлӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ уырдыгӕй ацыд.

Адриан ма радзырдта: «Иннӕ бон уыцы бандӕйы хистӕрыл амбӕлдтӕн. Мӕ маст райсын мӕ бӕргӕ фӕндыд, фӕлӕ та ногӕй мӕхинымӕр Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕхиуыл фӕхӕцыдаин. Ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй мӕм комкоммӕ ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: „Дысоны тыххӕй мын бахатыр кӕн. Раст зӕгъгӕйӕ, мӕн дӕр фӕндид, дӕу хуызӕн куы уаин. Мӕн дӕр фӕнды Библи ахуыр кӕнын“. Куыд ӕхсызгон мын уыди, уӕд мӕхиуыл кӕй фӕхӕцыдтӕн! Уый фӕрцы уый дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта».

Адрианы тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис 2016 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 5 номыр, 14, 15 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын