Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp22 № 1 6–7 фф.
  • 1 | Макӕй хъулон кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 1 | Макӕй хъулон кӕн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библийы уагӕвӕрд:
  • Уый цӕуыл дзурӕг у?
  • Дӕ бон цы у аразын?
  • 3 | Дӕ зондахаст аив
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Йегъовӕ «никӕй хъулон кӕны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
wp22 № 1 6–7 фф.
Сауцъар нӕлгоймаг хӕцы, йӕ мидбылты чи худы, ахӕм урсцъар нӕлгоймаджы къамыл; урсцъар нӕлгоймаг та хӕцы, йӕ мидбылты чи худы, ахӕм сауцъар нӕлгоймаджы къамыл. Уыцы къамты фӕстӕ та, мӕсты адӕмы къамтӕ

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДЕ СӔФТ МАКӔМӔЙУАЛ УЫНАЙ?

1 | Макӕй хъулон кӕн

Библийы уагӕвӕрд:

«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (ХЪУЫДДӔГТӔ 10:34, 35).

Уый цӕуыл дзурӕг у?

Хуыцау Йегъовӕa нӕ кӕсы, цавӕр адӕмыхаттӕй стӕм кӕнӕ, сауцъар стӕм ӕви урсцъар, уымӕ. Уымӕн ахсджиагдӕр у, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Библийы ма фыст ис: «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Самуилы 16:7).

Дӕ бон цы у аразын?

Махӕн нӕ бон нӕу, адӕмы зӕрдӕты цы ис, уый уынын. Фӕлӕ нӕ бон у Хуыцауы фӕзмын ӕмӕ архайын, цӕмӕй иннӕты ма хъулон кӕнӕм. Адӕймаг цавӕр адӕмыхаттӕй у, уымӕ-иу ма кӕс, фӕлӕ йӕхӕдӕг цавӕр адӕймаг у, уымӕ. Кӕд ӕй ӕмбарыс, ӕмӕ кӕцыдӕр адӕмыхатмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсыс, уӕд Хуыцаумӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс кур, цӕмӕй сӕм ахӕм зӕрдӕ мауал дарай (Псалом 139:23, 24). Йегъовӕ дын дӕ зӕрдиаг куывдтытӕ фехъусдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй макӕй хъулон кӕнай (1 Петры 3:12).

a Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).

«Раздӕр урсцъар адӕймаджы фарсмӕ ӕнӕхылӕй ӕрбад, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд... Бамбӕрстон ӕй, ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн кӕй дӕн» (ТАЙТУС).

Кӕйдӕр цардӕй. ТАЙТУС

Йе сӕфт никӕмӕйуал уыны

Тайтус

Тайтус тынг мӕсты кодта, сауцъар адӕмы бартӕ ссӕст кӕй цыдысты, уый тыххӕй ӕмӕ баиу ис фыдгӕнджыты къордимӕ. Уый радзырдта: «Иуӕй-иу хатт-иу ацыдыстӕм, сау адӕмӕн цӕуыны бар кӕдӕм нӕ уыд, ахӕм рӕттӕм – гостиницӕтӕм ӕмӕ кафетӕм, цӕмӕй-иу хыл ракъахтаиккам». Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ удхӕссӕг уыдта, хыл-иу кӕимӕ ракъахта, уыдонӕй. Ноджыдӕр ма загъта: «Загъд кӕнын-иу куы райдыдтон, уӕд-иу фыццаг ӕз ныццавтон, фӕнды нӕлгоймаг уыдаид, фӕнды сылгоймаг».

Тайтус райдыдта ивын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд. Библи куы бакаст, уӕд ыл уый тынг фӕзынд, ӕмӕ йӕ зондахаст фӕивта. Уӕлдай тынгдӕр йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, фидӕны тыххӕй дзы цы фыст ис, уый, зӕгъгӕ, «нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:3, 4).

Тайтус архайдта, цӕмӕй иннӕтӕй йе сӕфт ма уыдтаид. Фӕлӕ йын фыццаг рӕстӕг уый зынтӕй уади. Уый загъта: «Тынг зын мын уыди мӕ зондахаст фӕивын ӕмӕ ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын». Фӕлӕ Хъуыддӕгты 10:34, 35 стихтӕй базыдта, Хуыцау хъулон кӕй никӕй кӕны. Ӕмӕ йын уый стыр ӕххуыс фӕци.

Дарддӕр хабар куыд рауад? Тайтус загъта: «Куы федтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы адӕмыхаттӕй кӕрӕдзи куыд уарзынц, уӕд бамбӕрстон, ацы адӕм раст диныл хӕст кӕй сты, уый. Донаргъуыд куы нӕма райстон, уый размӕ мӕ иу урсцъар Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сӕхимӕ уазӕгуаты фӕхуыдта. Уый мӕм фын фенӕгау фӕкаст. Раздӕр урсцъар адӕймаджы фарсмӕ ӕнӕхылӕй ӕрбад, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, йӕ хӕдзары йемӕ иу фынгыл ӕрбадыны кой та ничиуал кӕны. Бамбӕрстон ӕй, ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн кӕй дӕн».

Тайтусы тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис 2009 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 20, 21 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын