Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp22 № 1 10–11 фф.
  • 3 | Дӕ зондахаст аив

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 3 | Дӕ зондахаст аив
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библийы уагӕвӕрд:
  • Уый цӕуыл дзурӕг у?
  • Дӕ бон цы у аразын?
  • «Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Стефаны дуртӕй марынц
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йе сӕфт макӕмӕйуал уына!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
wp22 № 1 10–11 фф.
Нӕлгоймаг йӕ цӕстытыл уайын кӕны, ӕндӕр расӕйӕ чи у, ахӕм нӕлгоймагӕн йӕ къух куыд исы, уый. Сӕ аууӕттӕ та хыл кӕнынц, сӕ къухты плакаттӕ, афтӕмӕй

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДЕ СӔФТ МАКӔМӔЙУАЛ УЫНАЙ?

3 | Дӕ зондахаст аив

Библийы уагӕвӕрд:

«Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (РОМӔГТӔМ 12:2).

Уый цӕуыл дзурӕг у?

Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ фӕкӕсы, цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм, уымӕ (Йереми 17:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Алцыдӕр райдайы хъуыдытӕй ӕмӕ зӕрдӕйӕ. Уӕдӕ кӕд искӕмӕй не сӕфт уынӕм, уӕд хъуамӕ уыцы маргджын хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕд уидаг нӕ зӕрдӕйӕ стонӕм. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн нӕ бон нӕ удыхъӕд фӕивын, ӕмӕ не сӕфт никӕмӕйуал уындзыстӕм.

Дӕ бон цы у аразын?

Дӕ зӕрдӕмӕ-иу ныккӕс ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсыс, уӕлдайдӕр, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыдонмӕ. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Цы зӕрдӕ сӕм дарын? Уыцы адӕмы мӕхӕдӕг хорз зонын? Ӕви сӕм кӕйдӕр ныхӕсты тыххӕй райдыдтон ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын?» Кӕд кӕцыдӕр киноты тыххӕй кӕнӕ, интернеты цы фӕкӕсыс, уый тыххӕй кӕмӕдӕр знаджы цӕстӕй тынгдӕр райдайыс кӕсын, уӕд ахӕм цӕмӕдӕрты мауал кӕс.

Хуыцауы Ныхас дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай ӕмӕ уыцы маргджын хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ дӕ зӕрдӕйӕ ӕмӕ дӕ зондӕй ӕд уидаг стонай

Адӕймагӕн алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы бамбарын, йӕ зӕрдӕйы ӕмӕ йӕ зонды цы ис, уый. Фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы «хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» базонӕм (Дзуттӕгтӕм 4:12). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Библи иртас. Дӕхӕдӕг цы хъуыды кӕныс, уый-иу абар, Библийы цы фыст ис, уыимӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архай дӕ зондахаст ивыныл, цӕмӕй дӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕна. Кӕд искӕмӕй не сӕфт уынӕм, уӕд нын Хуыцауы Ныхас баххуыс кӕндзӕн, уыцы «фидар» басӕттынӕн, ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕйы ӕмӕ нӕ зонды фӕд дӕр нал баззайдзӕн (2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5).

Кӕйдӕр цардӕй. СТИВЕН

Йӕ зондахаст аивта

Стивен

Стивен ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕфхӕрд ӕййӕфтой, сауцъар кӕй сты, уый тыххӕй. Уый йын тынг зын уыди. Ӕмӕ хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд ыл тынг бандӕвта иу политикон парти. Уыцы парти карзӕй тох кодта адӕмы бартыл. Стивен урсцъар адӕмӕй йе сӕфт афтӕ тынг федта, ӕмӕ сын фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг дӕр фыдмитӕ кӕнын райдыдта. Стивен радзырдта: «Иухатт ме ’мбӕлттимӕ бакастыстӕм киномӕ, Африкӕйӕ ласт цагъартӕн Иугонд Штатты раздӕр цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кодтой, уый тыххӕй. Уыйбӕрц ӕнӕрастдзинад фенгӕйӕ афтӕ сызнӕт стӕм ӕмӕ, кинотеатры цы урсцъар ӕрыгӕттӕ уыди, уыдоны саунад фӕкодтам. Уый фӕстӕ та ацыдыстӕм, урсцъар адӕм кӕм царди, уыцы районмӕ, цӕмӕй ма ноджыдӕр искӕйты фӕнадтаиккам».

Стивен Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ зондахаст бынтондӕр фӕивта. Уый радзырдта: «Адӕм кӕрӕдзимӕ сӕ буары хуызы тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсынц, ууыл афтӕ тынг ахуыр уыдтӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм кӕсгӕйӕ дисӕй мардтӕн. Зӕгъӕм, урсцъар Йегъовӕйы Ӕвдисӕн фӕсарӕнтӕм цыди, ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты сауцъар лӕг ӕмӕ усы бар бакодта. Иу сауцъар лӕппуйӕн та цӕрӕнбынат нӕ уыд, ӕмӕ йӕ урсцъар лӕг ӕмӕ ус сӕхимӕ ӕрцӕрын кодтой». Стивен федта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесо Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарзынц ӕмӕ бамбӕрста, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты (Иоанны 13:35).

Ромӕгтӕм 12:2 стихы фыст ныхӕстӕ Стивенӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй йе сӕфт макӕмӕйуал уыдтаид. Уый загъта: «Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕм бахъардта, мӕ зондахаст аивын мӕ кӕй хъӕуы. Иннӕтимӕ фӕрнӕй цардаин, уый фаг нӕ уыд. Хъуамӕ мӕ зонд сног кодтаин ӕмӕ фарнуарзаг адӕймаг суыдаин». Стивен тынг фӕивта ӕмӕ ныр 40 азы дӕргъы, кӕмӕйдӕр де сӕфт уынай, уый цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕны.

Стивены тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис 2015 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 10, 11 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын